Сæрыстыр стæм, уымæн æмæ Хуссар Ирыстон æнтысгæйæ цæуы размæ, - Æхсæнад «Алан»-ы Сæрдар Хъуысаты Садредтин
Турчы цæрæг ирон адæмы номæй æхсæнад «Алан»-ы Сæрдар Хъуысаты Садредтин зæрдæбын арфæтæ рбарвыста Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды номыл Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад цы бон банымадта, уыцы боны оххыл.