Джермугъы сусæг маст

сб, 21/07/2007 - 14:07
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Легенда
Бæрзонд фæцыд Тылийы комы, дысæрон цæргæсау, Джермугъы цъæхайнæг къæдзæх æмæ æнцад, æмырæй, фыдæлтыккон куырыхон лæгау, дæлæмæ кæсы арф коммæ.
Къæдзæхы тигъты аууæтты сæрдыгон тæвд бонты фæривæд кæнынц сæрибаруарзаг сычъитæ. Æрмæст сæ раздзог бæрзонд ран рындзыл слæууы æмæ фæхъахъхъæны йæ дзуджы. Сæ сæрмæ та хохаг цæргæстæ, сæ базыртæ фæйнæрдæм байтындзгæйæ цъæхарвы тыгъдады æнæзмæлгæйæ фæленк кæнынц.
Къæдзæхæн йæ дæллаг фарс дæлдæр ран ихджын суадæттæ лæдæрсынц сæрсæфæн коммæ. Иу дзы иннæмæй уазалдæр, иу дзы иннæмæй сыгъдæгдæр æмæ сæ адæймаг æвдадзы хосау фæнуазы, басæтты сæ йæ дойны.
Джермугъы къæдзæхмæ кæсгæйæ, æрдз, хæхтæн чи табу кæны, ахæмтæн сæ зæрдæ фæрайы йæ уындæй. Сæрдыгон райдзаст бон арæх фенæн вæййы Джермугъы къæдзæхмæ фæцæйхизгæ кæрæдзи фæдыл хæхты хъæбулты, равзаргæ æнæзивæг фæсивæды. Бæрзондæй ныллæгмæ куы рафæлгæсай Джермугъæн йæ хуссарæскæсæн фарс цы чысыл хæххон цъæх цад ис уымæ, уæд йæ рæсугъддзинадæй фæсуры адæймаджы фæллад.
Уæлвонг ран адæймаг цы æхцондзинад банкъары, уый ныхæстæй радзурæн нæй. Амы æрдзы нывмæ кæсгæйæ кæцыфæнды адæймаг дæр рухс æнкъарæнтимæ раздæхы фæстæмæ
Бирæ къæдзæхтимæ баст сты цыдæр легендæтæ, рагон таурæгътæ. Нæ кадджын фыдæлтæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ дзыхæй дзургæйæ лæвæрдтой æнусты сæрты фæстагæттæм.
Джермугъы фарсæй цæсты сыггау цы авд суадоны лæдæрсынц, уыдоны тыххæй хистæртæй арæх хъуыстон ахæм легендæ.
Раджы, тынг раджы, хæхтæ æмæ адæм кæрæдзийы сагъæстæ куы æмбæрстой, уæд иу хъæуы цардысты авд æфсымæры. Кæд сын зæххы гæппæлтæ уыд хæхты къулвæрстыл, уæддæр сын цæрынæн фаг нæ кодтой. Сæ цардæн амал кодтой цуангæнгæйæ. Сæ бинонты дардтой сырды фыд, сырды цæрмттæй.
Иу ахæмы та дын æфсымæртæ сæумæцъæхæй фæраст сты цуаны. Сæ фæндаг акодтой Джермугъы рæгътæм. Авд æфсымæрæн сæ,рыздæхыны афонæй ацыдис бырæ бонтæ, фæлæ нæй æмæ нæ зындысты, хабар хæссæг сæ нæ уыдис. Бинонты зæрдæ сæм ахсайдта, фехъусын кодтой хиуæттæн, æввахс адæмæн цуанонты хабар æмæ сæ агурынтæ райдыдтой. Иу къутæр, иу адаг æнæсгæрстæй нал ныууагътой. Цы сыл æрцыдис, цы фесты, уый Джермугъы айнæг къæдзæх йедтæмæ уынæг ничи фæцис æмæ йæ æнусы бонтæм йæ арф риуы ныссусæг кодта.
Иу бон та дын фæдисæттæ Джермугъы рах къаннæг фæзы сæ фæллад уагътой. Бинонты сагъæсæй æмæ богъ-богъæй æрдз дæр куыдта. Ахæм тæригъæддаг нывтæй уынгæйæ, Джермугъы къæдзæхы фарсæй авд цæссыг схъардта æмæ арф коммæ цыхцырджытæй ныллæууыдысты. Уæдæй абоны онг Джермугъ йæ цæссыг калынæй нæ банцад.
Дзырдæуы адæмы æхсæн, зæгъгæ, дам, ныр æрвылбон дæр сæумæрайсомæй Авд суадонмæ авд саджы дон нуазынмæ æрбацæуынц. Уыдон, дам, авд æфсымæры сты саджы хуызы æмæ та, дам, бонрæфты æрбатары вæййынц.
Легендæ легендæ у, алчи йæ йæхирдыгонау æмбары, фæлæ адæймаджы зæрдæ хæхты йæхимæ æлвасы, æмæ сæ бæрзæндæм æзфæраздæронæй фæбырсæм. Æрмæст нæ хæхтæ та домынц арæхстдзинад, цæмæй рухс æнкъарæнты фыдбылызыл ма баивæм…

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest