Ирыстоны зынгхуыст хъахъхъæнджыты ныййарджытæ сидынц хиуылхæцынмæ

пт, 02/12/2011 - 17:59
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Нæ зынаргъ æмбæстæгтæ!
Нæ зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ!
Нæ зынаргъ мадæлтæ, ирон сылгоймæгтæ, нæхи, Ирыстоны сылгоймæгтæ!

Сымахæй хуыздæр чи зоны æмæ чи æнкъары нæ рыстзæрдæ адæмы рис?! Ирон мадæлтæй хуыздæр чи æмбары уыцы хъизæмæрттæ æмæ зындзинæдтæ, нæ Райгуырæн Хуссар Ирыстон уал азы дæргъы кæй бавзæрста?!

Не ‘нусон бæллицц – хæдбардзинад, фыдæлтæй нын цы фæдзæхст баззад – сæрибардзинад, дыууын азы дæргъы Ирыстоны сæрвæлтау се ‘взонг удтæ цы хъайтар лæппутæ снывонд кодтой, уыдоны рыст зæрдæтæ, сæ нæмттæ, нæртон æгъдау, фыдæлты кад æмæ намыс – куыд сæ рох кæнæм абон!
Ирыстон знагыл куы фæтых Уæрæсейы фæрцы, куы райдыдта æндидзын Уæрæсейы фæрцы хæствæллад Цхинвал, адæммæ æппæт дунейы куы айхъуыст – Ирыстон хæдбар у! – уæд та нæ кæрæдзи нал æмбарæм?!
Нæ уæздан мадæлтæ, нæ куырыхон сылгоймæгтæ, æрæмбарæм нæ кæрæдзи – фæсивæды скаст сымахмæ у! Нæхи мауал худинаг кæнæм фæсарæйнаг бæстæты раз! Ирæттæ куы стæм, уæд абон ныхмæлæуд цæмæн фестæм нæ кæрæдзимæ?!
Дзæнæттаг ирон лæппуты номæй уæ курæг стæм, цæмæй уавæр мауал карздæр кæна, æмæ æхсæнады сæвзæргæ уагæвæрд æрбæстон кæнат.
Ирон сылгоймаг хъуамæ йæ бинонты сабырдзинадыл тыхса, ирон сылгоймаг æхсæнадæн æгъдау æмæ фарнхæссæг куы у, уæд абон ирон æфсарм, сылгоймаджы æфсармдзинадыл уæ къух цæмæн систат?!
Не ‘мирон мадæлтæ!
Ахъуыды кæнут нæ фидæны фæлтæрты цардыл, дидинæфтаугæ цардмæ цы фæсивæд тырны, уыдоныл!!!
Нæхи къухæй ма бабын кæнæм æнусты дæргъы цы сæрибардзинад æмæ хорз цардмæ бæллыдыстæм, уыцы ныфс!
Цал æнусы ма хъуамæ уа актуалон Къостайы «Додой»?!
Мауал фæкæнæм нæхи додойаг æмæ катайаг!

Мады Майрæмы фæдзæхст ут!

Ист æрцыд æхсæнадон организаци
«Фидæны номыл»-ы разамынады рабадты
2011 азы 2-æм декабры

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest