Тыбылты Леонид раарфӕ кодта инициативон кордӕн, йӕ кандидатурӕ йын президенты ӕвзӕрстыты хайад райсынмӕ кӕй раразмӕ кодтой, уый фӕдыл

ср, 01/02/2017 - 00:57
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Стыр бузныг, кӕй ӕрбацыдыстут ӕмӕ уӕ хъуыдытӕ кӕй загътат , стыр бузныг уын уӕ лӕггады тыххӕй, стыр бузныг ӕппӕт Ирыстоны адӕмӕн, афтӕ райдыдта йӕ раныхас Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йӕ инициативон къорды уӕнгы ӕмбырды раз киноконцертон зал «Чермен»-ы.

«Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуыл адӕм иу хъуыдыйыл хӕст нӕ вӕййынц. Цал адӕймаг ис, уал хъуыды вӕййы, фӕлӕ куы ӕрбамбырд вӕййынц, уӕд сӕ хъуыдытӕ иухуызонӕй зӕгъынц ӕмӕ мӕнӕ абоны ныхас ӕрцыд Ирыстоны сомбоны тыххӕй, - бахынцыдта Тыбылты Леонид ӕмӕ раныхаскӕнджытимӕ сразы, зӕгъӕ раст бахатыдыты, уый ӕппӕт йӕ архайд Ирыстоны тыххӕй, ирыстоны рӕсугъд абон ӕмӕ сомбоны оххыл кӕй бӕтты.

«Мӕнӕн ацы фондз аз нӕ уыд сабат ӕмӕ хуыцаубонтӕ, афтӕ бӕрӕгбонон бонтӕ, ӕрмӕстдӕр сӕ хардз кодтон, мӕ разы цы хӕстӕ ӕвӕрд ӕрцыдис, уыдон ӕххӕст кӕныныл», - банысан кодта бӕстӕйы разамонӕг.

Адӕймагӕн иунӕгӕй ницы ӕй бон у Президент куы уа, ӕддӕр, уыд йӕ хъуыды Тыбылты Леонидӕн ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ йын иунӕгӕй зын кӕй уыдаид, йӕ адӕм йӕ фарсмӕ куы не ‘рбалӕууыдаиккой, уӕд.

«Ӕвӕццӕгӕн арӕх нӕ вӕййы, куы ӕрбамбырд вӕййынц президентмӕ кандитадӕй равзарыны оххыл адӕм ӕмӕ дын иуылдӕр зонгӕ куы уой ӕмӕ дӕ куы фӕнда алкӕуыл дӕр сӕ хицӕнӕй баузӕлын, - загъта Президент ӕмӕ бузныг загъта канд ӕрбамбырд уӕвджытӕн нӕ, фӕлӕ ма уыдн кӕй хъуыдытӕ загътой ӕмӕ залы чин ӕ уыд, ӕппӕт уыдонӕн.

«2012 азы мах цы уавӕрты архайдтам, уыцы рӕстӕг хъуамӕ историйы баззайа, нӕ архайд хъуамӕ ноджыдӕр уа тыхджындӕр, хъуамӕ уа ирддӕр, цӕмӕй нӕ адӕмы цард ноджы фӕрӕсугъддӕр уа, - йӕ зӕрдӕбын фӕндиаг загъта уый, уымӕн ӕмӕ зӕгъгӕ не ‘фхрд адӕм гыурдзыйы аргрессийы азты стыр уӕззаудзинӕдтӕ бавзӕрстой ӕмӕ хъуамӕ ӕппӕт дӕр арӕзт цӕуа, цӕмӕй уыдӕттӕ ивгъуыды баззайой, «стыр Уӕрӕсейы ӕххуысӕй уый тыххӕй ӕппӕт дӕр арӕзт цӕуы».

«Нӕ зӕрдӕты баззайдзысты Ирыстоны сӕрвӕлтау сӕ цард чи ‘рхаста нывондӕн, ӕнӕазымӕй уыцы азты чи фесӕфт, ӕппӕт мах тыххӕй йӕ цард чи радта, - рымысыд Ирыстоны сӕрибардзинады оххыл йӕ цард нывондӕн чи рхаста, уыдон. - Стыр бузныг дӕн нӕ адӕмӕй, кӕй ничи ферох, ницы ферох. Стыр бузныг ӕппӕт раныхасгӕнджытӕн, ӕппӕт уыдонӕн, чи хъуыды кӕны, цӕмӕй Ирыстоны сомбон уа рӕсугъд, цӕмӕй стабилондзинад, кӕцы нӕм уӕвынад кӕны, хъахъхъӕд ӕрцӕуа. Цӕмӕй чи фӕнды ма хиза президентӕй, уымӕн алы хатт дӕр йӕ хъуыдыйы уа – хъуамӕ уа стабилондзинад, хъуамӕ уа йӕ адӕмы фарсмӕ, хъуамӕ сӕм комкоммӕ кӕса, ӕфсӕрм ма кӕна, уый тыххӕй та дын дӕ адӕм цы рӕстӕг радтой, уымӕй цӕсгомджынӕй архайай».

Тыбылты Леонид банысан кодта, кӕй никӕмӕн ис бар Ирыстоны адӕмы ӕфхӕрын, уӕззау уавӕрты чи фӕцард дӕсгай азты.
«Уымӕ гӕсгӕ ӕз равзӕрстон ахӕм стиль, ахӕм метод, цӕмӕй нӕ адӕм кӕрӕдзимӕ арбаввахс уой», - загъта Тыбылты Харитоны фырт.

Уый рымысыд 2011 азы хабӕрттӕ ӕмӕ залы уӕвӕг Джиоты Александыры чызг Аллайӕн загъта, зӕгъгӕ ӕппӕт арӕзт цӕуы ӕмӕ цӕудзӕнис, цӕмӕй адӕймаджы бартӕ хӕлд макуыал ӕрцӕуой Хуссар Ирыстоны, уӕды рӕстӕджы куыд уыд.

«Ацы фарстыл фыццаг хатт нӕ дзурын, фӕлӕ йӕ официалон ӕгъдауӕй еныр нысан кӕнын ӕмӕ уӕды рӕстӕджы адӕймаджы бартӕ хӕлд ӕрцыдысты уымӕн ӕмӕ уӕд уыдыстӕм анархийы уавӕрты, фӕлӕ нӕ адӕм, зонджын ӕмӕ уӕздан адӕм, равдыстой политикон ӕмбарындзинад ӕмӕ рахыстытсы уыцы уавӕрӕй, - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг. - Махӕн алцы рохгӕнӕн нӕй, фӕлӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй нӕ адӕм ӕфхӕрд мауал баййафой, цӕмӕй абон, кӕд исчи ногӕй, тыхы ӕгъдауӕй фӕнд кӕны ӕрбахизын нӕ цардмӕ, уӕд ахӕм адӕмӕн мах уый бар нӕ ратдзыстӕм ӕмӕ ӕз, куыд Республикӕйы Президент, мӕ сидт ӕмткӕй уыцы процессты чи архайдзӕнис ӕмӕ нӕ адӕммӕ уымӕн сарӕзтон, цӕмӕй мауал ӕруадзӕм уӕззаудзинад».

Президент банысан кодта, абон бӕстӕ ӕндӕр уавӕрты кӕй цӕры Уӕрӕсейы алыварсон ӕххусы ‘руаджы ӕмӕ уымӕн аргъ кӕнын кӕй хъӕуы, мах ӕрдыгӕй та йӕ тыхстдзинӕдтӕй бахизын.

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest