РХИ-ы парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юрий раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийæн

пт, 21/04/2017 - 19:09
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

РХИ-ы националон политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юрий арфæйы ныхасимæ рацыд президент Бибылты Анатолийы инаугурацийы рæстæджы цытджын мадзалы.
«Абон мах арфæ кæнæм Бибылты Анатолийæн. Фарн уæ хъуыддæгты, фарн адæмы равзæрсты æмæ уе ’ууæнкыл. Нæ фыдæлтæм уыд ахæм арфæ æмæ –иу лæппу куы райгуырд, уæд иу дзырдтой “хуыцау дæ офицер скæнæт”, Бибылты Анатолийы хуыцау офицер скодта ама йыл сфидыдта. Нæ фыдæлтæм раздæр куы уыдаид президент, уæд ын загътаиккой: “Хуыцау дæ президент скæнæт” æмæ йыл уый дæр сфидаудзæн. Махæй алкæй дæр ныфс ис, уымæн æмæ йыл алцыдæр фидауы, уарзы йа адæмы æмæ йæ Фыдыбæстæ», - загъта Гæбарæты Юрий.
Уый ма банысан кодта, кæй йæ ис ныфс æмæ нæ равзæрстыл фæсмон кæй нæ фæкæндзыстæм æмæ Хуссар Ирыстонæн аккаг президент кæй уыдзæн Бибылты Анатолий.
«Уый ныфс мæ ис ама абон цы раарфæ кодтам, уыдон кæй сæххæст уыдзысты, æмæ Хуссар Ирыстоны цæрæг адам сæ равзæрстыл кæй никуы фæсмон кæндзысты. Ирыстон дæ фæндиаг уæт», - банысан кодта Гæбæраты Юрий.

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest