Президент Южной Осетии Анатолий Бибилов выразил соболезнования по поводу смерти Ремзи Канукати

чт, 31/12/2020 - 17:43
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Бибылты Анатоли мæсæллæй загъта Хъаныхъуаты Ремзийы зианы фӕдыл:

Зæрдæрыстæй хъынцъым кæнын Ирыстоны иузæрдыг хъæбул, Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Хъаныхъуаты Ремзи кæй фæзиан, ууыл, æмæ йын мæсæллæй зæгъын йæ хæстæджытæ, хиуæттæ æмæ æввахс адæмæн.

Маст кæнын сымахимæ иумæ, баххæст кæнын кæмæн нæй, уыцы зианы фæдыл.

Ирыстон бирæ фесæфта Ремзийы ацыдæй. Йæ куысты алы фадыджы дæр уый, йæхиуыл æнæ ауæрдгæйæ, цæсты гагуыйау, хъахъхъæтта Ирыстон æмæ ирон адæмы бартæ, æнувыд уыд ирон æвзаг æмæ ирон æгъдауыл, фидар бындур æрæвæрдта Турчы зæххыл Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыстæн.

Уæздан ирон лæг, адæмуарзаг, æргомзæрдæ удгоймаг, Ханыхъуаты Ремзи фидарæй хæцыди йæ царды бæрзонд принциптыл, махæн та уыд æнæбасæтгæ удварн æмæ удыхъæды дæнцæг.

Йæ царды фæндагыл рацыд цæсгомджын æмæ сæрбæрзондæй, йæ фæстæ ныууагъта йæ хорз хъуыддæгты тæхудиаг дыргътæ, æмæ уыдон та мæлæтæй тыхджындæр сты. Хуссар Ирыстоны мингай цæрджытæ бæрзонд аргъ кодтой æмæ бузныг уыдысты Ремзийæн, йæ хъæздыг уды уаз, нæртон лæвæртты тыххæй, æмæ йын сæ зæрдæты æнусмæ бавæрдзысты йæ рухс ном.

Рухсаг у, Ремзи…

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest