Пасхальное послание Святейшего Патриарха Кирилла (на осетинском языке)

Sat, 04/05/2013 - 18:30
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Мæскуы æмæ æгас Уырысы Патриарх КИРИЛЛЫ КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ
алчертæм, сауджынтæм, диакъонтæм, моладзантæм
æмæ Уырыссаг Растуырнæг Аргъуаны æппæт иузæрдион хъæбултæм (впервые в истории Осетии печатается на осетинском языке)

Табу Хуыцауæн,нæ Хицау Йесо Чырыстийы фæрцы нынnуæлахиз Чи радта!
(1 Кор. 15:57)

Чырыстийы фæрцы уарзон сыгъдæг алчертæ,
уæздан сауджынтæ æмæ диакъонтæ, хуыцаууарзаг моладзантæ,
зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ!

Ацы цытджын æмæ райдзаст бон уе ’ппæтæн дæр зæрдæбын арфæ кæнын нæ Хицауы Куадзæны номæй, алкæмæн дæр уæ зæрдиаг салам æрвитын рагон табуйаг ныхасæй:

ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!

Уæлахизы цау хъусынгæнæг дыууæ ацы дзырдæй Куадзæны арфæйаг бонты адæм æнусты дæргъы цингæнгæ æмбæлынц кæрæдзийыл æмæ æвдисæн лæууынц дыууæ мин азы размæ æрцæуæг æцæг хабарæн. Ацы дыууæ зæрдæмæхъаргæ дзырды мидæг — цины сидт, фарны арфæ, ныфс æмæ зæрдæнцой.
Иууылсыгъдæг Чызг Майрæмæй Чи райгуырд æмæ æназымæй сау хъизæмар Чи бавзæрста, дзуарыл Кæй байтыгътой æмæ дыууæ абырæджы ’хсæн дзуарылтыгъдæй Чи амард, æппæт адæмæй Уый фыццаг райгас и мæрдтæй. «Уый райгас и, Йæхæдæг куыд загъта, афтæ» (Мф. 28:6). Йæ зæппадз афтидæй аззад, æрмæстдæр ма дзы Йæ буартухæн мæрддзæгтæ уыдысты. Мирохæссæг сылгоймæгтæ «сæумæраджы… хурыскастыл» (Мк. 16:2) уыцы бынатмæ бацыдысты, фæлæ Йæ не ссардтой, уымæн æмæ Цардæгас Хуыцауы стыр хъомысæн ницы бафæрæзтой нæдæр зæппадзы бацæуæны æвæрд дур, нæдæр хъахъхъæнджытæ, нæдæр мæлæт йæхæдæг. «Зындон уæрæх бахæлиу кодта йæ ком» (Ис. 5:14) æмæ, цинæй райгæ, бæргæ цæттæ уыд йæ цыфыддæр знаджы аныхъуырынмæ, фæлæ йыл Хуыцауы рухс куы сæмбæлд, уæд фыртæссæй андзыг и. Чырысти йæ бындур ныззилын кодта мæлæтæн.
Сфæлдисæджы коммæ чи нæ бакаст æмæ афтæмæй йæхи æнусон царды Суадонæй чи фæиртæста, уыцы фыццаг адæймаджы аххосæй дунемæ æрбафсæрста фыдæх, æмæ тæригъæдтæ стых сты адæмыл. Фæлæ Чырысти — «фæстаг Адам» (1 Кор. 15:45) — фæуæлахиз моны, уды æмæ буары амæлæтыл. «Адамимæ иууылдæр куыд мæлынц, афтæ Чырыстиимæ иууылдæр райгас уыдзысты», — æвдисæн лæууы апостол Павел (1 Кор. 15:22). Фыццаг Адамы аххосæй цы фесæфтам, уый Чырыстийы фæрцы фæстæмæ нæ къухы бафтыди. Чырыстийы Куадзæн æцæгæйдæр у Хуыцауы хæрзаудæны æппæты стырдæр лæвар (сыгъдæг Феодор Студит).
Адæймаг йе Сфæлдисæгæй кæй фæиппæрд, уыцы уавæр аивгæйæ нын Ирвæзынгæнæг саккаг кодта Уыимæ баиу уæвыны фадат. Сыгъдæг Иоанн Дамаскины загъдау, Чырыстийы дзуары фæрцы махæн «лæваргонд æрцыди райгасы фарн <...> байгом нын ис дзæнæты дуар, не ’рдзон буар æрбадти Хуыцауы рахиз фарс, æмæ мах систæм Хуыцауы хъæбултæ æмæ Йæ бындартæ» (Точное изложение православной веры. Кн. 4). Махæй алчидæр хъуамæ тырна уыцы лæвары аккаг суæвынмæ.
Хуыцауы Фырт, не ’рдзон хуыз райсгæйæ, алцыппæтæй дæр, тæригъæдæй фæстæмæ, мах халдих сси. Йæ зæххон цард æмæ дзуарыл хъизæмæрттæй Уый махæн равдыста, цы у Уæларвон Фыды раз æцæг сæрныллæг æмæ коммæгæс, цы у фæливæн бæллицтæ æмæ зæрдæсайæн монцты ныхмæ æцæг тох, Йæ Райгасæй та нæ сифтонг кодта фыдæхыл фæуæлахизы хъомыс æмæ мадзæлттæй. Æрмæст ахæм тохы рæзы адæймаджы удварн, æрмæст ахæм тохы свæййы адæймаджы удыхъæд рæсугъд æмæ сæрибар.
Мах цы рæстæджы цæрæм, уым сæрибар æмæ уæгъдибар арæх фæивддзаг вæййынц. Бирæтæм афтæ кæсы, цыма адæймаджы сæрибар æрмæстдæр бæрзонд бынат, бирæ исбон, буары æнæниздзинад æмæ уæнгты хъаруйæ аразгæ у. Æмæ æзфæраздæронæй сæ дуджы мæнг хуыцæуттæн лæггад куы фæкæнынц, уæд уымæн нæ бафты сæ къухы, мæрдтæй растæг Ирвæзынгæнæг нын, сæрибар ралæвар кæнгæйæ, кæй раргом кодта, царды уыцы æцæг нысан — Æцæгдзинад базонын (кæс Ин. 8:32) æмæ Хуыцауы фæндонмæ гæсгæ цæрын.

Буары амæлæтæн кæрон скæнгæйæ, Чырысти махæн зæрдæ бавæрдта æнусон цардæй, ома æнæфæугæ зæххон фæндагæй нæ, фæлæ нæ сахъатджын удыхъæды хæрзаивдæй — суанг нæ буар дæр ног миниуджытæ кæй райсдзæн, уымæй. Хицау Чырыстийы Райгасы сусæгдзинады махæн раргом и нæ сомбоны райгасы ныв. Мæлæт, низ, уарзон адæймæгты кæрæдзийæ фæхицæн æмæ ма суанг рæстæг дæр кæм нæ уыдзæн, фидæны уыцы Уæларвон Паддзахады «Хуыцау ныссæрфдзæни нæ алы цæссыг дæр» (Æрг. 21:4), æмæ цинæн дæр нæ уыдзæни кæрон, æмæ уарзондзинад дæр уыдзæни æнусон. Нæ Хицау Чырыстийы мæлæтыл фæуæлахиз махæн не ’ппæтæн дæр дæтты фидар ныфс: Йæ дыккаг кадджын æрцыды фæстæ райгас уыдзыстæм ног цардæн, иудадзыгдæр Хуыцауимæ кæм уыдзыстæм, уыцы цардæн.
Уæдæ нын Райгасуæвæг Ирвæзынгæнæг цы цин æрхаста, уымæй бахай кæнæм, бабуцгæнинаг æмæ баузæлинаг чи у, уыдонæн се ’ппæтæн дæр: рынчынтæн, ацæргæтæн, удхаргæнджытæн, хъынцъымгæнджытæн, ахæстæй утæхсæнгæнджытæн, æнæфæрæз æмæ æнæхæдзар адæмæн. Æмæ, Чырыстийы Райгасы æвдисæнтæ — сыгъдæг апостолты бафæзмгæйæ, хиуæттæн дæр æмæ æддагæттæн дæр уæндон æмæ ныфсхастæй фехъусын кæнæм фарны хабар:

ЧЫРЫСТИ ÆЦÆГÆЙ РАЙГАС!
Аммен

Православная Осетия

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest