Ирон æвзаг у нæ республикæ, нæ паддзахады бындур, - Гаглойты Алан
Президент Гаглойты Алан ирон æвзаджы боны цытæн раарфæ кодта Ирыстоны адæмæн.
Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Абон мах нысан кæнæм нæ мадæлон æвзаджы бон, æмæ уын зæрдæбынæй арфæ кæнын. Ацы рæсугъд æмæ фæрнджын хæзна нын ныууагътой нæ фыдæлтæ.
Уыдон æй хъавгæ бавæрдтой историйы уæззау зилдухæнты, æмæ ныр та мах хæсджын стæм, цæмæй йæ сæфын ма бауадзæм, сфидар æй кæнæм æмæ йæ рæзгæ фæлтæрмæ адæттæм.