Арфæйы тел бæстæйы президент Тыбылты Леониды номыл ссыд Турчы ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттинæй

ср, 17/08/2016 - 16:18
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Æрæджы Хуссар Ирыстонмæ Президент Тыбылты Леониды æрхуындмæ гæсгæ на Республикæмæ фæуазæг сты Æхсæнадæмон культурон-ахуырадон проект «Аланты фæд»-ы хайадисджыты иу къод. Уазджыты сконды уыдысты Цæгат Ирыстон, Турк, Венгри, Сири æмæ æндæр бæстæты цæрæг ирæттæ.

Уыдон цалдæр бон зонгæ кодтой Хуссар Ирыстоны абоны цардимæ, уыдис сын фембæлдтæ куыд интеллигенцийы минæвæрттимæ, афтæ хуымæтæг адæмимæ дæр.

Уазджыты йæхимæ стыр æхсызгонæй райста бæстæйы президент Тыбылты Леонид. Уый сын æрдзырдта Республикæйы ивъуыд æмæ ныры уавæртыл, цæмæй цæры Ирыстоны хуссар хай æмæ бирæ æндæр абоны боны хæрзиуджытыл.

Абон Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин арфæйы тел æрбарвыста нæ паддзахады сæргълæууæджы номыл, кæцы уыд проект «Аланты фæды» хайадисджытæй сæ иу.

Хъуысайы фырт йæ телы цины æнкъарæнтимæ бузныджы ныхæстæ рвиты Хуссар Ирыстоны Президенты номыл:

«Зынаргъ Харитоны фырт Леонид!

Проект «Аланты фæд»-æй нæ дзыллæйæн стыр хорздзинад сарæзтай. Нæ фыдæлты бæстæмæ нæ æрхуыдтай æмæ нын стыр кад скодтай. Ацы проектыл бирæ бацархайдтат æмæ дзы мах та тынг пайда скодтам. Стыр бузныг дын зæгъæм Ирыстоны цы рæсуъд бонтæ арвыстам уый фæдыл! Хуыцау дын дæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтын кæнæд! Ирон фарн, ирон кад æмæ намыс дæ хуры тынтау батавæнт!

Зæрдæбынæй арфæ ма кæнæм Пухаты Константинæн.

Мах диаспорайы цæрæг Ирæттæн кæддæриттæр Стыр фæллой кæны. Уый æруаджы нæ фыдæлты бæстæйæ уæлдæй ад исæм. Йæ цæрæнбон бирæ уæд».

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest