Турчы цæрæг Ирон адæмы номæй Æхсæнад «Алан»-ы Сæрдар Хъуысаты Садредтин Президент Тыбылты Леониды номыл сæрвыста арфæйы тел, æрæджы не ‘мзæххон Рæмонты Сослан кæй ссис Олимпион чемпион хъæбысхæстæй, уый фæдыл цы уæлмонц æнкъарæнтæ бавзæрстой æппæт ирон адæм, уый оххыл.
Арфæйы телы дзырдæуы:
«Хуссар Ирыстоны Президент,
Тыбылты зынаргъ Леонид!
Мах Турчы цæрæг Ирон адæм, цин кæнæм, нæ республикæйæн, нæ адæмæн стыр кад чи скодта уыцы сызгъæрин адæймаг – Рамонты Сосланы уæлахиздзинадыл. Сæрыстыр стæм нæ Хуссар Ирыстойнаг сгуыхт æфсымæрæй.
Хуцауын йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтынкæнæд.
Царды хорзæхдæй хайджын уæд!»