Мах сентябры 20 бон нымайæм ирон адæмы иумæйаг стыр бæрæгбоныл, - Æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садредтин

пн, 26/09/2016 - 17:57
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Турчы цæрæг ирон адæмы номæй æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садредтин Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды номыл ссæрвыста арфæйы фыстæг Республикæйы боны цытæн.

Туркаг ирон адæм ацы ахсджиаг бæрæгбон банысан кодтой æндæр æмæ æндæр мадзæлдтæй.

Радон хатт та зæрдæбын афæйы ныхæстæ æмæ фæндиæгтæ загътой Тыбылты Леонид æмæ æгас ирон адæмæн:

«Зынаргъ Леонид!

Турчы цæрæг ирон адæмы номæй Дын зæрдæбынæй арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны боны сæраппонд. Мах ацы бон нымайæм ирон адæмы иумæйаг стыр бæрæгбоныл æмæ йæ уый тыххæй ам, Стамбулы сахары, банысан кодтам цытджын æгъдауæй. 20 сентябры Кавказы адæмты культурон центры æхсæнад «Алан»-ы уæнгтæ бирæ нымæцæй æрæмбырд стаем. Мах уым байгом кодтам фоторавдыст Хуссар Иры хабæрттыл. Фæуазæг нæм сты Адыгты, Кæсæг-Балхъары, Абхазы æмæ Кавказы къорд æндæр республикæты минæвæрттæ. Уыдон нын зæрдæбынæй раарфæ кодтой æмæ махимæ иумæ фæцин кодтой. Саермагондæй нæ зæгъын фæнды Уæрæсейы Федерацийы Генералом консул Андрей Подъелышев нæм кæй æрбацыд йæ коллегæтимæ. Уый йæ раныхасы арфа ракодта Дæуæн æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн æмткæй.

Тынг æхсызгон æнкъарæнтæ нæ зæрдæты баззад Дæ арфæты фыстæгæй, кæцы нын бакаст Пухаты Коста. Стæй нын уый не'хсæнад «Алан»-ы уæнгты иу къордæн цытджын æгъдауæй радта РХИ-йы æмбæстаджы паспорттæ. Кæм ма уыд сæ цинæн кæрон! Стыр бузныг дын зæгъæм. Уæлдай æхсызгондзинад бæрæгбоны мадзæлтты хайадисджытæм равзарын кодта Дæ коллегæтæ Пухаты Коста æмæ Джуссойты Сослан нæм кæй æрцыдысты. Равдыстмæ æрбацæуæг адæм сыл цины æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты.

Зынаргъ Леонид! Мах дæ номæй Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн арфæ кæнæм. Иунæг Хуыцау æххуысгæнæг фæуæд yæ разы цы егъау хæстæ лæууы, уыдон æнтысгæйæ аскъуыддзаг кæнынæн. Нæ зæрдæ уын зæгъы сабыр, æнæниз æмае амондджын дæргъвæтин цард».

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest