Зæронд Ног азы къæсæрыл арфæтæ Ирыстойнæгтæн

пт, 13/01/2017 - 22:51
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Хъазиты Мелитон, хуссар æмæ цæгат Ирыстоны фыссджыты цӕдисы ӕмсӕрдар:

Мӕ зынаргъ адӕм! Мӕ уарзон Фыдыбӕстӕ!

Ныртӕккӕ у азивӕн. Зӕронд аз цӕуы йӕ фӕндагыл ӕмӕ нӕм цыдӕриддӕр рын-сонӕй каст, уыдон йемӕ ахӕссӕд. Ног аз ис нӕ къӕсӕрыл ӕмӕ ныл йӕ хӕрзтӕ куыд ныккӕлой, уыцы амонд нӕ уӕд иуылдӕр!

Царды ӕнӕниздзинад ӕмӕ фидыдадӕй хуыздӕр ницы ис ӕмӕ нын сӕ Ног азы бауарзӕд Хуыцау ӕмӕ йӕ зӕдты цӕст.

Нӕ зӕрдӕтӕ цинӕфсӕст куыд уой! Ирыстоны ӕппӕт кӕстӕртӕ хорзӕй байрӕзӕнт ӕмӕ ахуыр ӕмӕ фӕллойыл хӕст уӕнт! Амонд чи ссардта, уыдон иууылдӕр амонджынӕй цӕрӕнт! Амондагур чи у, уый Ног азы зӕрдӕзӕгъгӕ амонд ссарӕд!

Хъӕбултӕ кӕй хъӕуы, уымӕн сӕ Мадымайрӕм схӕлар кӕнӕд!

Ацы аз нӕм президентон ӕвзӕрстытӕ уыдзысты ӕмӕ ӕнӕхъӕр, ӕнӕхъӕлӕба цы ацӕуой, нӕ Республикӕйы рӕзт дарддӕр чи акӕна, Ирыстон ӕмӕ ирон адӕмы баиу кӕнын кӕй къухы бафта, ноджыдӕр нӕ Уӕрӕсеимӕ бангомдӕрыл чи бакуса, адӕмы цардамондыл чи ауда, ахӕм президент цы равзарӕм, не ппӕты дӕр уыцы амонд уӕд!

Мӕ зынаргъ адӕм! Мӕ уарзон Фыдыбӕстӕ!

Ног азы къӕсӕрыл уын ӕппӕт хӕрзтӕ зӕгъы мӕ зӕрдӕ ӕмӕ уын сӕ Хуыцӕутты Хуыцауы цӕст бауарзӕнт!

Ног азы хорзӕх уӕ уӕд!

Ирина Габараева, диктор ГТРК «ИР»:

Уходит старый год! Для кого-то уходящий год был не самым счастливым, но я желаю всем силы и терпения, побольше добра и радости, главное – здоровья и любви! Чтобы в новом году жизнь сверкала как огни новогодней елки! Пусть лучшее, что было в старом году не уйдет, а худшее не сможет повториться! С Новым годом дорогие мои!

Маргиев Ирбег, Республикæйы æвзонг натуралистты станцы директор:

Арфӕ кӕнын Ирыстонӕн Ног азы цытӕн! 2017 аз нын ахаем аз уӕд, цӕмӕй нын алы хӕдзары дӕр уа ӕнӕниздзинад, рӕсугъддзинад, амонд!

Ирон адӕмӕн та мӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй нӕм фылдӕр уа ӕмбарындзинад!

Хуыцау нын ахӕм арфӕ ракӕнӕт, цӕмӕй нӕ уарзон райгуырӕн бӕстӕ йӕ къахыл лæууа, сæндидза æмæ размæцыд бæстæты æмрæнхъ йæ каджын бынат ссара, нӕ фыдӕлты фарн æнусты сæрты ахæссæм!

Фатима Плиева, студентка 5-го курса факультета журналистики ЮОГУ:

Поздравляю всех жителей РЮО с Новым годом! Желаю мира, здоровья, счастья и всех благ! И пусть будет мир во всем мире! Исполнения всех позитивных желаний! Горжусь своим народом и родиной.

Дзерасса Мамиева, житель села Хетагурово:

Ног аз æрбалæууыд ӕмӕ нын ӕсхæлар кæнæд ӕнӕниздзинад, сабырдзинад, цӕмӕй хӕст макуыуал фенӕм.

Нӕ сывӕллӕттӕ цардæфсæст цы уой, сӕ мӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдтӕн сӕ зӕрдӕтæ цы рухс кӕной сӕ цардӕй, сӕ куыстӕй, сӕ хабӕрттӕй!

Нӕ зындзинӕдтӕ зӕронд азы баззайæд ӕмӕ нын Ног 2017 аз хорздзинӕдтӕ ӕрхӕссӕд алкӕмӕндӕр, алкӕцы хӕдзарӕн дӕр!

Нӕ президентӕн стыр бузныг зӕгъын, адӕмӕн сӕ мыздтыл кӕй схӕцыдысты ӕмӕ ацы уӕлӕмхас ӕхцайы фӕрӕзтӕ кӕй рахицæн кодта.

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest