Ирон адӕмы ’хсӕн, ӕвӕццӕгӕн, Къостайы ном зӕгъгӕйӕ цавӕрдӕр ӕхсызгон ӕнкъарӕнтӕ кӕмӕ не сӕвзӕры, ахӕм ирон адӕймагӕн уӕвӕн нӕй. Абайты В.И. 70-ӕм азы юбилейы цытӕн конференцийы стыр философ, профессор Гӕбӕраты Сослан Шалвайы фырт Васойы схуыдта ирон адӕмы дыккаг хур. Васо Сосланӕн уайдзӕфы хуызы бафиппайдта, зӕгъгӕ, хур иу у ӕмӕ ирон адӕмы хур у – Къоста. Уӕдӕ, ирзонынады, иранзонынады стыр ахуыргонд, куырыхон Абайты Васойы ныхас Къостайы тыххӕй махӕн размӕ цӕуынӕн хъуамӕ уа нӕ цырагъ, нӕ ирон удварны ратӕдзӕн. Ацы хъуыды хорз ӕмбаргӕйӕ, ӕнкъаргӕйӕ цы бар ис махӕн Къостайы фӕдзӕхсты фӕрсты кӕсагау ацъелф кӕнӕм…
Мӕ ныхасы сӕр у Къостайы уацмысты ’взаджы лингвистикон анализ скӕнын нӕ (ууыл бакуыстой нӕ цытджын ахуыртӕ, кӕд ӕххӕстӕй нӕ, уӕддӕр), фӕлӕ ӕркӕсын, Къостайы цас тыхсын кодта ирон ӕвзаджы сыгъдӕгдзинад, ӕмӕ абон цы цӕстӕй кӕсынц ирон интеллигенцийы минӕвӕрттӕ уыцы фӕдзӕхстмӕ.
Къостайы дуджы ирон адӕмы интеллигенцийы минӕвӕрттӕ нырма иумӕйагӕй нӕ уынаффӕ кодтой ирон литературон ӕвзаджы нормӕтыл (бӕрц ӕмӕ фӕтктыл). Куыст сӕйраджыдӕр цыдис аргъуанты цы тӕлмац чингуытӕй пайда кодтой, уыдоныл. Уыдон та арӕзтой: Колыты Аксо, Цорӕты Уасо, Сухийы фырт ӕ.ӕнд. Сӕ сӕргъ лӕууыд епископ Иосиф Владикавказский. Иумӕйагӕй зӕгъӕн ис уый, ӕмӕ тӕлмац тексттӕй цы аргъуанты пайда кодтой, уым дзургӕ-дзурын хъахъхъӕд цыдысты чингуыты фыст ӕрмӕг. Уыцы чингуыты цы цухдзинӕдтӕ уагъд цыдис, уыдон бахынцгӕйӕ, 1902 азы ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къоста Леуаны фырт «Ирон ӕвзагыл евангелийы текстмӕ ногӕй кӕсӕг къамисмӕ доклад». Уым Къоста фыста: «Ир ӕнӕуый дӕр чысыл сты, ӕмӕ ма афтӕмӕй, сӕ цӕрӕн бынат иттӕг арф кӕмттӕй ӕмӕ ӕвирхъау бӕрзонд къӕдзӕхтӕй дихтӕгонд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ суанг ивгъуыд ӕнусы ’мбисы онг кӕрӕдзиимӕ уыдысты хӕрз чысыл баст. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ницы диссаг у, алы комы цӕрджытӕ дӕр, иннӕтӕй иртӕст уӕвгӕйӕ, ирон ӕвзаг иуцасдӕры бӕрц кӕй фехӕлдтой, уый. Ирон адӕймаг хатгай сӕ ныхас ӕппындӕр кӕмӕн не ‘мбары, уыцы дыгурыл нал дзургӕйӕ, Ирыстоны иннӕ хайы дӕр, Ахалкалакӕй, Кутаисӕй ӕмӕ Гурӕй райдай ӕмӕ суанг Мӕздӕджы онг, стӕй Дайраны комӕй суанг Ӕрыдоны комы галиу донхатӕны йонг, алы хицӕн ран дӕр адӕм уӕлдай тынгдӕр здӕхт сты иуӕй-иу мыртӕм, науӕд та сӕ дзурынц куыддӕр ӕбӕлвырдӕй, кӕнӕ ма дзырдтӕм бафтауынц бынтон ӕнӕхъуаджы мыртӕ. Хуссар Ир уӕлдай фылдӕр уарзынц мыртӕ [Ш], [Ж]. Цӕмӕн ӕмӕ дзурын, зӕгъгӕ, зӕгъыны бӕсты уыдон фӕзӕгъынц шӕмӕн ӕмӕ журын. Нары комы бындурон цӕрджытӕ цæмæн-ы бæсты дзурынц сæмæн, дзурын-ы бæсты та – зурын. Цæгат Ир уæлдай фылдæр уарзынц [ц], [х], [т], фæлæ дзы иуæй-иу хъæуты цæрджытæ, йӕхицӕй аристократ чи аразы, ахӕмтӕ [Ж] ӕмӕ [Ш] дзурынц, ӕппындӕр кӕм нӕ хъӕуынц ӕмӕ нӕ фидауынц, ахӕм дзырдты. Хъуыдыйад: ӕз сын загътон фыццӕгтӕ дзурынц: æз цын загътон, зӕгъгӕ, дыккӕгтӕ та - ӕж шын жахтон, ӕмӕ а. д.
Барӕн бӕрц кӕй руаджы арӕзт цӕуы ӕвзаджы, уыцы раздзырд дӕр Евангелийы ӕмӕ иннӕ ног чингуыты дӕр арæх ивд ӕрцӕуы тӕр-ӕй, Фыд-дӕр-ы бӕсты фӕфыссынц фыд-тӕр... евангели ног уадзгӕйӕ, ныффидар кӕнын хъӕуы, йӕ хуымӕтӕг арӕзт ӕмӕ йӕ аивдзинады руаджы тагъд кӕсӕн кӕмӕн уыдзӕн ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн чи уыдзӕн, ахӕм алфавит; стӕй, уымӕй дарддӕр, бынтон ныффидар кӕнын хъӕуы раст орфографи дӕр». (Къоста. Уамысты ӕмбырд. Т.III. Орджоникидзе, 1956. 136-138 фф.)
Ӕмӕ уӕдӕ цы домдта Къоста Къамисӕй ӕмӕ цы у литературон ӕвзаг, цӕмӕй хицӕн кӕны национ кӕнӕ паддзахадон ӕвзагӕй. Зӕгъдзынӕн уал сӕрмагондӕй ӕвзаг цӕмӕй хицӕн кӕны ӕндӕр ӕхсӕнадон фӕзындтӕй, уый, кӕд ногдзинад нӕу, уӕддӕр.
1) Ӕвзагӕй адӕм архайынц ӕмӕ дзы пайда кӕнынц алкӕцы сферӕйы дӕр ӕмӕ у адӕймӕгты кӕрӕдзимӕ дзурыны ахсджиаг фӕрӕз. 2) Ӕвзаг ӕвдисы ӕхсӕнадон зондахаст ӕмткӕй йӕ гуырахсты. 3) Ӕвзаг ӕвдисы ӕппӕт зонӕнтӕ ӕрдз ӕмӕ ӕхсӕнады тыххӕй, кӕцытӕ ӕрцыдысты ӕмбырд ӕмӕ бӕлвырд бирӕ фӕлтӕрты архайды фӕрцы. Уыцы зонӕнтӕ иу фӕлтӕрӕй иннӕмӕ цӕуынц ӕмӕ нын ноджыдӕр ӕвдисынц, нӕ алфамбылай куыд ӕнкъарӕм, уый. 4) Ӕндӕр ӕхсӕнадон фӕзындтӕй уӕлдай ӕвзаг тынг арф ӕмӕ парахатӕй ӕвдисы ӕхсӕнады ивындзинӕдтӕ; 5) Ӕвзаг ӕхсӕнадӕй ӕмӕ ӕхсӕнады ӕндӕр фӕзындтӕй цадӕггайдӕр ивы, уымӕ гӕсгӕ иу ӕвзагӕн йӕ бон у ӕмӕ лӕггад кӕна, йӕ структурӕ ӕнӕфӕивгӕйӕ, алыхуызон ӕхсӕнадон-экономикон формацитӕн.
Зонӕм уый дӕр ӕмӕ ӕвзагӕн йӕ бон у лӕггад кӕна фондз ӕхсӕнадон-экономикон формацийӕн. Уыцы формацитӕ сӕдӕ азы дӕргъы кӕрӕдзи дӕр фӕивынц, фӕлӕ ӕвзаджы структурон ивындзинӕдтӕ та фӕцӕуынц миназты дӕргъы ӕмӕ сӕйраджыдӕр ӕвдыст ӕрцӕуынц ӕвзаджы дзырдуатон сконды ӕмӕ дзырдивыны хайы.
Афтӕмӕй ӕхсӕнадон-экономикон формациты типыл баст сты ӕвзӕгты ивындзинӕдты дифференциаци ӕмӕ интеграци, сӕ территориалон ӕмӕ кълассон хицӕндзинад, сӕ хицӕндзинӕдтӕ горӕттаг ӕмӕ хъӕууон ныхасы 'хсӕн, афтӕ ма фыссынады фӕзынд, национ ӕвзаджы фӕзынд, литературон ӕвзаджы формӕ, ӕвзаджы нормӕ ӕмӕ а.д. 3ӕгъӕм, рагон-цардуагон ӕхсӕнады, сӕ бӕрц знӕмтимӕ, ӕвзӕгты цыдис хӕрз лӕмӕгъ ивындзинӕдтӕ, сӕйраджыдӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты ’взаджы хицӕндзинӕдтӕ ӕвдисӕг элементтӕ. Фӕстӕдӕр, ацы ӕхсӕнады ’взӕгты дифференциацийы процесс фӕирддӕр. Конкретон знӕмтӕ фӕдих сты. Се 'хсӕн бастдзинад лӕмӕгъ кодта, сӕ хицӕндзинӕдтӕ та тыхджынӕй-тыхджындӕр кодтой, ирдӕй-ирддӕр кодтой ӕмӕ фӕстагмӕ се ’взагӕн фӕзындис ӕрвадӕлон ӕвзӕгтӕ. Зӕгъӕм, рагон индоевропӕйаг ӕвзӕгты мыггаг дӕргъвӕтин рӕстӕджы дӕргъы фӕдих ис цалдӕр ӕрвадӕлон ӕвзӕгты къордыл, уыдон та ноджыдӕр сӕхимидӕг дих кодтой ӕндӕр ӕввахсдӕр ӕрвадӕлон ӕвзӕгтыл.
Фӕлӕ ма ӕвзӕгты 'хсӕн цыдис интеграци дӕр, зӕгъгӕ, дзырды иухуызон бындур хӕссӕг знӕмтӕ иу кодтой ӕмӕ сӕ диалекттӕ, се ’взӕгтӕ та ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кодтой, алыварсонӕй ӕндӕвтой кӕрӕдзийыл, арӕх дзы иу иннӕйы бынтондӕр йӕхи хуызӕн кодта.
Социалон диалекттӕ сӕрысуангӕй фӕзындысты цагъарадон ӕхсӕнады, ома адӕмы къласон дихады. Территориалон диалекттӕ та фӕзындысты, цӕугӕ цардгӕнӕг знӕмтӕ-иу иу бынаты цӕрын куы райдыдтой, уӕд. Фӕлӕ ӕвзаджы иууыл вазыгджындӕр хицӕндзинӕдтӕ фӕзыны феодализмы заманы, уымӕн ӕмӕ ацы ӕхсӕнадон архайӕг адӕм сӕ царды уавӕртӕм гӕсгӕ (горӕт, хъӕу, хъӕздыг, мӕгуыр) иттӕг хицӕн кодтой кӕрӕдзийӕ. Раст ацы ӕхсӕнадон формацийы литературон ӕвзаг дӕр бындур ӕвӕрын райдайы: паддзахадон, зонадон, литературон, хъуыддагон... Афтӕмӕй литературон ӕвзаджы нормӕтӕ фӕарфдӕр ӕмӕ фӕфидардӕр вӕййынц. Ацы заманы арӕх иу искӕцы знӕмты литературон ӕвзаджы бынат бацахсы ӕндӕр искӕцы знӕмты ’взаг. Зӕгъӕм, Раззаг Азийы адӕмтӕ архайдтой Шумерты ’взагӕй. Ныгуылӕн Европӕйы адӕмтӕ та - Латинаг ӕвзагӕй. Уӕрӕсейы та - динон- славяйнаг ӕвзагыл ӕмӕ а.д. Капитализмы заманы та гуырынц нацитӕ ӕмӕ национ ӕвзӕгтӕ. Территориалон диалекттӕн сӕ къласон миниуджытӕ фӕирддӕр вӕййынц ӕмӕ хӕццӕ кӕнын райдайынц. Уыдонӕн та ӕххуысгӕнӕг вӕййынц паддзахады мидӕг цӕугӕ экономикон ахастытӕ, зӕгъгӕ, чысыл феодалон къордтӕ ӕрбаиу вӕййынц ӕмӕ сӕ сырӕзы иу централон паддзахад. Горӕттӕм фылдӕр ӕнхъӕвзын райдайынц хъӕутӕй рацӕугӕ адӕм, афтӕмӕй фӕзынынц ӕрдӕг диалекттӕ ӕмӕ горӕттаг хуымӕтӕг ныхас. Уӕдӕ национ хиӕмбарынад куы фӕарфдӕр вӕййы, куы фӕфидар вӕййы, уӕд национ ӕвзаджы бындурыл литературон ӕвзаджы нормӕты ӕрфидар кӕныны фӕрӕзтӕ ӕмӕ домынӕдтӕ дӕр фӕтыхджындӕр вӕййынц. Фӕлӕ кӕд уый размӕ наци ӕндӕр адӕмы литературон ӕвзагӕй пайда кодта, уӕд уыцы ӕвзаг арф фӕд ныууадзы национ литературон ӕвзаджы. Зӕгъӕм, нырыккон уырыссаг литературон ӕвзаджы ис дзӕвгар аргъуанон-славяйнаг элементтӕ. Англисаг ӕвзаджы та французаг литературон ӕвзаджы элементтӕ. Нырыккон ирон литературон ӕвзаджы дӕр ӕнхъӕвзынц иуӕрдыгӕй гуырдзиаг литературон ӕвзаджы элементтӕ, иннӕрдыгӕй та уырыссаг литературон ӕвзаджы элементтӕ.
Социализмы периоды та литературон ӕвзаг тынг бандавы территориалон диалекттыл, уымӕн ӕмӕ литературон ӕвзагӕн йӕ авналӕнтӕ гуырахстджындӕр сты, ахуырдзинад ӕппӕтадӕмон кӕй свӕййы, уымӕ гӕсгӕ. Адӕмӕн сӕ культурон рӕзт фӕбӕрзонддӕр вӕййы, хъӕу ӕмӕ горӕты ‘хсӕн хӕццӕдзинӕдтӕ фӕкъаддӕр вӕййынц. Чысыл адӕмты ӕвзӕгтӕ рӕзынц. Бакусынц сыл нацийы ахуыр минӕвӕрттӕ сӕрмагонд къамисты.
Уыцы къамистӕ уӕдӕ бакусынц литературон ӕвзаджы нормӕтыл: графикӕ, орфографи, орфоэпи ӕмӕ ныхасы культурӕйы хӕйтты. Уыцы нормӕтӕй Паддзахады ӕвзаджы закъон ӕмӕ уагӕвӕрдты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, пайда кӕнынц куыд дзургӕ, афтӕ фыссыны хуызы дӕр сабидонӕй уӕлдӕр ахуыргӕнӕндонмӕ, афтӕ-ма театр, радио, телеуынынад, массон информацион фӕрӕзтӕ; мыхуыр дзы цӕуынц алы сферӕйы чингуытӕ, журналтӕ, газеттӕ ӕ.а.д. Афтӕмӕй бахъӕуы ног дзырдты сӕр дӕр. Ӕмӕ сыл хъуамӕ кусой сӕрмагонд Терминологион къамистӕ. Ӕмӕ ирон адӕммӕ Терминологион къамистӕ та 1937 азӕй фӕстӕмӕ нӕ архайдтой, гъе та иттӕг кадаварӕй. Ӕрӕджы цы Терминологион къамис ӕрцыд арӕзт Цӕгат-Хуссары ахуыртӕй, уый нырма ницы ӕрмӕг уынын кӕны.
Уӕдӕ нацийы минӕвӕрттӕ иугӕнӕг литературон ӕвзагӕй куынӕ архайуой, куынӕ архайуой дзырды ӕмхуызон хъуыдытӕй, ӕмхуызон орфоэпи, интонаци ӕмӕ мелодикӕйы грамматикон формӕтӕй, уӕд нацийы минӕвӕрттӕ цыфӕндыхуызон национ дарӕс ма скӕной, уӕддӕр сӕ ирон удварн цадӕггай сӕфы ӕмӕ хӕццӕ ’взагӕй рӕзын райдайы хӕццӕ культурӕ, хӕццӕ зондахаст, хӕццӕ удыхъӕд. Ныртӕккӕ ирон адӕм сты уыцы уӕззау уавӕры.
Ӕвзаг ӕмӕ литературон ӕвзаджы нысаниуӕгыл уымӕн афтӕ лӕмбынӕг дзурын ӕмӕ абон Ирыстоны дыууӕ хайы ахуыртӕ иу хъуыдымӕ, кӕнӕ ӕввахс хъуыдымӕ куынӕ ӕрцӕуой, уӕд ма ирон паддзахадон ӕвзаджы фарсмӕ фӕзындзӕн ноджыдӕр дыууӕ: Дыгурон ӕмӕ Къуыдайраг ӕвзӕгтӕ Паддзахадон статустимӕ. Ирон литературон ӕвзаг (Къостайы ӕвзаг) та аззайдзӕн фӕскъуым.
1927 азы ирон интеллигенцийы разагъды минӕвӕрттӕ сӕ 3-аг съезды ӕрбиноныг кодтой литературон ӕвзагӕн Къостайы уацмысты ӕвзаг ӕмӕ 1934 азы съезды уынаффӕ сфидар кодта Мӕскуыйы Советон Цӕдисы ЦК пленум.
Литературон ӕвзаджы нормӕтыл нӕ интеллигенцийы минӕвӕрттӕ ногӕй дзырдтой 60-ӕм азты. Уыцы заманы иттӕг раст хъуыдыйыл лӕууыдысты литературон ӕвзаджы растдзурыны нормӕты тыххæй проф. Абайты Васо ӕмӕ акад. Г. С. Ахвледиани, афтӕ ма проф. Исаты М. И. Уыцы азты Васо фыста: «Осетинский литературный язык, создателем которого является народный поэт Коста Хетагуров (1859-1906), стоит на надежном и верном пути к дальнейшему развитию и расцвету. Он строится на базе иронского диалекта, на котором говорит 5/6 осетин». (В.И. Абаев. ОЯФ. – М. – Л., I т.- 1949, ф. 496). Афтӕ Исаты М.И. дӕр дзуры: «Оба автора (Н. Кулаев и Т. 3. Козырева) ратуют за замену в осетинских словах букв /С/, /3/ буквами /Ш/, /Ж/. В большинстве говоров Южной Осетии, а также в дигорском диалекте эти звуки, как известно, «свистящие». Поэтому их современное написание определенно способствует сближению говоров и диалектов с литературным языком и усвоению единого литературного языка. А замена их написанием через [Ш], [Ж] воздвигает лишний барьер на этом пути». (М.И. Исаев. Учитывая столетний опыт. г. «СО», № 235, 1958). Ирон литературон ӕвзаджы растдзурыны нормӕтыл фыста ӕмӕ тох кодта филологон зонӕдты кандидат Бекъойты Д. Г. ӕмӕ ма ӕнд. (Д.Г. Бекойты. Дзурын хъӕуы литературон ӕвзагыл. Ж. «Фидиуӕг» №8, 1958, №4, 1968, №1).
Хуссайраг ирон литературон ӕвзаг ӕмӕ къуыдайраг ныхасыздӕхты ’хсӕн уӕлӕнгай хицӕндзинӕдтӕ ис: сӕйраджыдӕр литературон ӕвзаджы ӕмхъӕлӕсонтӕ [ц], [дз]-йы бӕсты Къуыдаргомы адӕм пайда кӕнынц ӕмхъӕлӕсонтӕ [ш], [ж]-йӕ: царв-шарв, дзабыр-жабыр… Хицӕн кӕнынц хъӕлӕсонты зӕгъыны фӕрӕзтӕ дӕр иннӕ ныхасыздӕхтыты (хуссайраг) хъӕлӕсонтӕй. Къуыдаргомы адӕм сӕ дзурынц тымбылӕй, фидарӕй, ӕвиппайды. Цӕгаттаг хъӕлӕсон мыртӕ хуссайраг хъӕлӕсонтау не сты тымбыл ӕмӕ хъӕбӕр. Сӕ фӕлмӕн, уылӕнгай цыд аразы дзурӕджы фӕлмӕн мелодикӕ, хъусӕгӕн ӕхцондзинад дӕттӕг. Уӕдӕ ӕрхӕсгӕ ӕмхъӕлӕсонтӕ [ж], [ш]-йӕн нӕй фидар фонологон бындур. Ӕмхъӕлӕсонтӕ /ц/, /дз/, /с/, /з/, /ч/, /дж/, /ж/, /ш/ ӕдзухдӕр сты ахӕм фонологон феггуырстыты, афтӕ ма ацы ӕмхъӕлӕсон мырты процессӕн бынат ис ӕрмӕст ирон ӕвзаджы нӕ, фӕлӕ ма дзӕвгар ӕвзӕгты фонологон сруктурӕты, ома уыдон ӕмхиц сты сӕ бынӕттӕ фӕивынмӕ ӕмӕ ӕндӕр фонетикон вариант раттынмӕ. Ӕмӕ растдзурыны нормӕтӕ тексты бамбарыны охыл кӕм хъӕуынц ӕмӕ орфографион нормӕтӕ фыццаджыдӕр фидар баст кӕй сты орфоэпион нормӕтимӕ, уымӕ гӕсгӕ орфоэпийы фӕткӕвӕрдтӕ факультативон варианттыл бындуриуӕг кӕной, уый ӕххӕст раст фӕндаг нӕу литературон ӕвзаджы растдзурыны нормӕтӕ ӕрфидар кӕнынӕн. Гъе, фӕлӕ уыцы факультативон варианттӕ кӕд фонемӕты ног рӕнхъ саразой, уӕд литературон нормӕ дӕр гӕнӕн ис фӕива сӕрмагонд къамисы уынаффӕмӕ гӕсгӕ. Ам ма зӕгъдзыстӕм уый, ӕмӕ къуыдайраг ӕмхъӕлӕсон мыртӕ [ж], [ш], (
Диссаг нӕу уӕдӕ уый дӕр ӕмӕ Къоста куы райгуырд (160 азы размӕ), уӕддӕр Туалгом [ц], [дз]-йы бӕсты пайда кодтой уыдонӕн сӕ факультативон варианттӕй: [с], [з]-йӕ. Фӕлӕ Къоста йӕ уацмысты орфографийӕн равзӕрста цъӕхснаг аффрикаттӕ [ц], [дз], ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ йӕ размӕ мыхуыры рацӕугӕ чингуытӕ [ц], [дз]-йыл цыдысты мыхуыр, фӕлӕ ма Петербурджы цӕргӕйӕ Уӕрӕсейы стыр ахуырты куыстытӕ кастис ӕмӕ иттӕг хорз ӕмбӕрста ӕмхъӕлӕсонтӕ /ц/, /дз/, /с/, /з/, ӕвзагӕн бирӕ ӕнцондӕр зӕгъӕн кӕй сты ӕмхъӕлӕсонтӕ [ч], [дж], [ш], [ж]-мӕ абаргӕйӕ ӕмӕ ма ӕвзаг дзӕвгар ӕнусты дӕргъы кӕй архайы уыцы уавӕры. Чысылдӕр рӕстӕг та (иууыл фылдӕр 300-500 азы) та ӕвзаг архайы ӕмхъӕлӕсонтӕ [ч], [дж], [ж], [ш] зӕгъынӕн. Зӕгъӕм, Ӕгъуызаты Иуанейы тӕлмац текстты кӕсӕм ӕмхъӕлӕсонтӕ /ц/, /дз/-йы бӕсты /ч/, /дж/: «Тӕхудиаг сты учы чагъартӕ, кӕчытӕн ӕрчӕуа сӕ хичау ӕмӕ сӕ ысара удон ӕнхъӕлджӕгӕй». (О.Г. Тедеева. Язык осетинских переводов Ивана Ялгузидзе. Тбилиси, 1965, 10 ф.) Ныртӕккӕ ӕрхӕсгӕ дзырдты къуыдайраг ныхасыздӕхты ӕмххӕлӕсонтӕ /ч/, /дж/-йы бӕсты дзурынц мыртӕ /ш/, /ж/. Ӕмӕ уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй кӕд ирон ӕвзаджы раттой ног фонемӕты рӕнхъ (ныхасы мыртӕ нӕ!), уӕд ма рацӕрдзысты дзӕвгар, кӕд нӕ, уӕд та бирӕ-бирӕ иу 200 азы бӕрц ӕмӕ стӕй та ӕвзаг рараст уыдзӕн ӕмхъӕлӕсонтӕ /ц/, /дзс/, /з/ зӕгъынмӕ. Ам-ма банысан кӕнинаг дӕн уый дӕр, ӕмӕ ныртӕккӕ къуыдайраг ныхасыздӕхты зылангон-сонорон ӕмхъӕлӕсонты ’хсӕн ӕмхъӕлӕсон /з/ райдыдта хизын ӕмхъӕлӕсон мыр /ж/-мӕ, ӕмӕ ма уыцы дзырды кӕрон сонорон /р/ ивд цӕуы /л/-йӕ: ӕвзӕр
Хетӕгкаты Къоста иттӕг хорз ӕмбӕрста ирон ӕвзаг йӕ ныхасыздӕхтытимӕ уӕззау уавӕры кӕй ис, ӕмӕ йӕ уацмысты ӕвзагӕй уый ныхъхъавыд ирон адӕмӕн иу хуызӕг-ӕвзаг саразын. Уый иттӕг хорз ӕнкъардта ирон дзырды ад ӕмӕ-ма ирон адӕмон дзыхӕйдзургӕ сфӕлдыстад ирон дзырды ӕвӕджиауы хӕзна кӕй у, уый дӕр.
Уыцы алӕмӕттаг хӕзнайӕ Хетӕгкаты Къоста снывӕста диссаджы хуызӕг-ӕвзаг. Уый сарӕзта ирон ӕвзаджы стилистикон фӕтк ӕмӕ бӕрц ӕппӕтвӕрсонӕй, ӕрӕвӕрдта бындур ирон ӕвзаджы орфоэпи, орфографи ӕмӕ ныхасы культурӕйӕн. Уыдон та иууыл иумӕ сты нырыккон ирон литературон ӕвзагӕн йӕ астӕумагъз. Уӕдӕ Хетӕгкаты Къоста ӕрмӕст гениалон поэт нӕу, фӕлӕ ма у ирон литературон ӕвзаджы ӕппӕт стилистикон ӕмӕ нывафыстон фӕрӕзты бӕрц равдисӕг. Стыр ногдзинад сты ирон ӕвзаджы йӕхи саразгӕ инверсион конструкцитӕ ӕмӕ ма мивдисӕг-бӕттӕг ӕруадзгӕ, аив фразӕты сарӕзт, кӕцытӕ ирон ӕвзаджы ӕрбынат кодтой, куыд иууыл хъуыдыджындӕр, ӕнкъарӕнджындӕр стилистикон фӕрӕзтӕ!
117 азы рацыд ӕмӕ ахуыр фӕлтӕр фӕлтӕры ивы, дзурынц, кусынц орфоэпийыл, орфорграфийыл. Орфографион дзырдуӕттӕ стыр ахъаз фесты растфыссыны ӕгъдӕуттӕ ӕрфидар кӕнынӕн, фӕлӕ растдзурыны дзырдуат йӕ саразӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Цалынмӕ ӕрӕвналӕм ахӕм дзырдуат аразынмӕ, уӕдмӕ уал хъуамӕ ирон адӕмы интеллигенцийы минӕвӕрттӕ ӕрӕмбырд уой ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы уацмысты ӕвзаг иу хатт ноджы ӕрфидар кӕной растдзурыны ӕгъдӕуттӕ туалгоймаг, тырсыгоймаг, хохы Дӕргъӕвсы ныхасыздӕхтыты хиӕдтыл. Уымӕн ӕмӕ: 1.Литературон ӕвзагӕн ис нацийы ӕрбангом кӕныны хӕс. 2.Литературон ӕвзаг у уыцы ӕвзагыл дзурджыты (адӕмы) культурӕ равдисыны ӕмӕ бамбарыны дӕгъӕл. Ирон литературон ӕвзаджы фӕрӕзтӕй цы ирон адӕм нӕ пайда кӕнынц, уыдонӕн ирон адӕймаджы хъуыдыкӕнынад никуы райрӕздзӕн. Ӕвзаг нӕ хъуыдыкӕнынадӕн ӕрмӕст логикон фидардзинад нӕ дӕтты, фӕлӕ ма литературон ӕвзаджы ’ххуысӕй нӕ хъуыдыкӕнынад райсы ӕнӕивгӕ национ ахуырст. Ӕмӕ уӕдӕ ӕрмӕстдӕр литературон ӕвзаджы фӕрцы нӕхи хатдзыстӕм сыгъдӕг ирӕттӕй – аланты фӕлтӕрӕй.
60-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ Цӕгат ӕмӕ Хуссары интеллигенцийы минӕвӕрттӕ литературон ӕвзаджы растдзурыны нормӕтыл ногӕй никуыуал дзырдтой. Уымӕн дӕр ис йӕхи аххосӕгтӕ, фӕлӕ уыцы аххосӕгтӕ аиуварсгӕнӕн ис нацийы ахуыр минӕвӕрттӕ иудзинадмӕ кӕд тырной, уӕд.
Уӕдӕ Ирыстоны дыууӕ хайы ахуырты раз лӕууы егъау хӕс ӕмӕ йӕм иумӕ куынӕ ракӕсой, уӕд алкӕцы ныхасыздӕхты дӕр цӕугӕ ивындзинӕдты ныхасыздӕхтыты минӕвӕрттӕ рахондзысты фидар литературон нормӕ. Мыртӕ ӕвзаджы архайгӕ кӕнынц ӕмӕ дзӕвгар сӕдӕгай, гъе та мингай азты фӕцаразынц уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй факультативон варианттӕ, уыдон та нормӕтыл банымайӕн нӕй. Райхъуыст ахӕм хъуыды дӕр: «Фысгӕ кӕнӕм ӕмхуызон (Цӕгат-Хуссар), дзургӕ та, дам, алкӕцы дӕр йӕхи ныхасыздӕхтыл дзурӕд». Нӕ, ахӕм хъуыды растыл бынамайӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ ӕвзонг литературон ӕвзӕгтӕн сӕ орфоэпи ӕмӕ орфографи тынгдӕр сты хъахъхъӕнинаг. Уымӕй дӕр ма ирон ӕвзаджы ӕрмӕст ӕрхӕсгӕ фонемӕтӕ нӕ дзой-дзой кӕнынц, фӕлӕ-ма дзӕвгар фонемӕтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕрбиноныг кӕнынмӕ, сӕ раст равдисынмӕ орфоэпи ӕмӕ орфографийы.
Нӕ хуссайраг сыхӕгты картвелаг ӕвзӕгты къорды ис ӕртӕ сӕрмагонд ӕвзаджы: гуырдзиаг, мегрейлаг, свайнаг сӕ диалекттӕ ӕмӕ ныхасыздӕхтытимӕ, фӕлӕ телеуынынады, радио, театр, паддзахадон уагдӕтты, уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты ӕппӕт факультетты ӕмӕ хайадты сӕ куысты ’взаг у иу – гуырдзиаг литературон ӕвзаг. Уымӕн ӕмӕ сӕ литературон ӕвзаг у сӕ национ идеологи аразӕг. Мах та ӕдзух цъиувӕдис кӕнӕм: цавӕр у нӕ национ идеологи? Дзуаппы хуызы зӕгъын: нӕ национ идеологи у ирон литературон ӕвзаг ӕмӕ уымӕн та ныртӕккӕ йӕ фарн, йӕ тых сӕфын райдыдта. Национ литературон ӕвзаджы тауджытӕ сты фысджытӕ, йӕ амонӕг та сабидоны хъомылгӕнджытӕ, скъолаты ахуыргӕнджытӕ, телеуынынады, радиойы журналисттӕ, театры артисттӕ ӕмӕ куыд хъахъхъӕнынц, куыд архайынц Къостайы уацмысты ’взагӕй, куыд ӕххӕст кӕнынц Къостайы фӕдзӕхст ӕвзаджы сыгъдӕгдзинады тыххӕй, уымӕн та гъай-гъай дӕр ӕвдисӕн стӕм.
Хетӕгкаты Къоста снывӕста йӕ ӕнӕмӕлгӕ уацмыстӕ А. Шегрен – Вс. Миллеры дамгъуатӕй ӕмӕ хӕсджын стӕм архайӕм уымӕй, уымӕн ӕмӕ ӕххӕстӕй ӕвдисы ирон литературон ӕвзаджы фонемон сконд.
Паддзахадон ӕвзӕгтӕ райстам Ирыстоны дыууӕ хайы дӕр. Паддзахадты сӕргълӕуджытӕ сӕ хӕс ӕххӕст кӕнынц: чингуыты мыхуыры рауадзынӕн ф/фӕрӕзтӕй ӕххуыс кӕнынц, фӕлӕ литературон ӕвзаджы рӕзтыл нӕ зынынц, уымӕн ӕмӕ Къостайы домындзинӕдтӕ ирон ӕвзаджы сыгъдӕгдзинады тыххӕй къуымы зайынц 117 азы дӕргъы! Цӕмӕн?!