Турчы Республикæйы Абхазы адæмы Федерацийы сидт
Фæстаг рæстæджы кæй фехъуыстам, уыцы трагикон хабары тыххæй нæ зæрдæ фæрыст. Йæ адæм æмæ йæ бæстæ уарзæг хъæбул Дзабиты Инал рухсаг уæд. Тæфæрфæс кæнæм ирон адæмæн æмæ йæ бинонтæн. Уырны нæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон фæткмæ гæсгæ æфхæрд кæй æрцæудзысты аххосджынтæ.
Æхсызгон нын у, Президент Бибылты Анатоли уыцы хъуыддагмæ комкоммæ æмæ зæрдиагæй йæ къух кæй сæвæртта, æмæ тæрхон, куыд æмбæлы, афтæ кæй уыдзæн, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах, Турчы цæрæг абхазаг диаспорæ куыд цины бонты уемæ стæм, афтæ абон, хъыджы бон дæр, не ʻфсымæрты фарсмæ стæм.
Тæлмац туркаг æвзагæй.
Турчы цæрæг ирон адæмы ʻхсæнад "Алан"-ы сидт Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолимæ æмæ æппæт хæдбар Республикæйы цæрджытæм
Мах, Турчы цæрæг ирон адæмы ʻхсæнад "Алан"-ы уæнгты номæй, стыр салæмттæ ʻрвитæм Хуссар Ирыстоны Республикæйы алы цæрæгæн, æмæ курæг стæм, цæмæй нын не ʻргом ныхасмæ дæр байхъусат.
Цины хабары дæр æмæ хъыджы хабары дæр мах уемæ иумæ стæм алы хатт дæр, нæ хотæ æмæ не ʻфсымæртæ! Абон нæ зæрдæтæ сты алы ирон бинонтимæ, ирон мæдтимæ, кæдонæн фæхъудысты сæ хъæбултæ тохы Иры уæлахизы фæндагыл.
Нæ зæрдæгтæ нын фæриссын кодта ног зын хабар - трагикон æгъдауæй фæхъуд Ирыстоны кæстæртæй сæ иу - Дзабиты мыггагæй æвзонг æфсымæр. Зæрдиагæй хъынцым кæнæм уемæ иумæ. Ацы сау хабар чи скодта, уыцы адæймæгтæ хъуамæ Хуссар Ирыстоны Паддзахады Фæткмæ гæсгæ æфхæрд баййафой.
Фаг уæд ахæм цаутæн!
Фæлæ ам, куыд фæнды зын ма уа, уæддæр ком- коммæ зæгъинаг у сæйраг хабар: зианы фæдыл нæй гæнæн Ирон паддзахад халын, не ʻмбæлы махмæ ахæм къахдзæфтæ, уый не ʻгъдау нæу!
Турчы цæрæг ирон адæм сидынц Хуссар Иры алы æмбæстонмæ æмæ зæгъынц сæ ныхас: Ирыстоны паддзахады Фæткмæ гæсгæ æвзæрст Президент Бибылты Анатолийы ʻвварс балæуын кæй хъæуы абон, уый. Дунейы цъарыл махæн æндæр Ирыстон нæй - Иумиаг Ирыстон - Цæгат æмæ Хуссар Алании! Дунейы цæрæг ирæтты скаст у абон сымахмæ! Фидар фæлæут - знаджы фæндийаг ма фæуæм - дунейы сау тыхтæ нæ ныхмæ тох кæнынц. Фидарæй фæллæуæм сæ ныхмæ æмткæй!
Æндæр фæндаг нæй! Дунескæнæг Хуыцау нын æххуысгæнæг уæд!
Турчы цæрæг ирон адæмы ʻхсæнад "Алан"-ы Советы номæй, Æхсæнады Сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин