Хоситы Бурхан раарфӕ кодта Гаглойты Аланӕн Тырысайы бон ӕмӕ Республикӕ расидыны боны цытӕн

ср, 20/09/2023 - 10:16
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

 Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвар Турчы Хоситы Бурхан раарфӕ кодта президент Гаглойты Аланӕн Паддзахадон тырысайы боны ӕмӕ Республикӕ расидыны боны фӕдыл, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Арфӕйы телы дзырдӕуы:

«Цытджын Президент! Зӕрдиаг арфӕ кӕнын Хуссар Ирыстоны паддзахадон символ, нӕ зынаргъ тырысайы боны цытӕн.

Нӕ тырыса тынг кадджын у ирон адӕмӕн. 1992 азы нысангонд ӕрцыд ӕмӕ Хуыцау зӕгъӕд ӕмӕ нӕ тырыса бирӕ ӕнусты дӕргъы фӕйлауӕд арвы бын.

Зӕрдиаг арфӕ Дын кӕнын Республикӕ Хуссар Ирыстоны расидыны 33-ӕм афӕдзы боны фӕдыл. Хуссар Ирыстоны зӕххыл 1990 азы цы хӕдбар паддзахад сӕвзӕрд, уый фидарӕй фидардӕр кӕнӕд!

Хуссар Ирыстоны адӕм сӕрибарӕй куыд цӕрой, нӕ кӕстӕртӕн рӕсугъд фидӕн куыд аразой, уыцы амонд нӕ уӕд.

Зынаргъ Президент, мӕ зӕрдӕ Дын зӕгъы ӕнӕниздзинад ӕмӕ хӕрзӕбон, Ирыстоны адӕм ӕмӕ Дӕ бинонтимӕ, ӕнӕмаст, ӕнӕфыдбылыз, сӕрибарӕй куыд цӕрай, уыцы арфӕ ракӕнӕд Стыр Хуыцау.

Бӕрӕгбоны хорзӕх Дӕ уӕд!»

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest