Президенты арфæ «Хурзæрин»-ы 100 азон юбилейы цытæн

пн, 01/01/2024 - 15:26
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта газет «Хурзæрин»-ы æмкусджытæн æмæ ветерантæн сæ нысаниуæгджын 100 азон юбилейы цытæн:

Сымахæн æппæт бындуртæ дæр ис, цæмæй сæрыстыр уат нæ фыдыбæстæйы рагондæр газеттæй иуы кадджын историйæ, «Хурзæрин»-имæ чи æмгуыст кодта æндæр æмæ æндæр дугты, уыцы зынгæ фысджытæ æмæ поэтты нæмттæй, газет кæддæриддæр нæ бæстæйы æхсæнадон æмæ литературон царды тæккæ астæу кæй уыдис æмæ уæ коллегæтæ æмæ газеткæсджыты хъусдардæй цух кæй никуы уыдис, уымæй.

Редакци æрæмбырд кодта курдиатджын профессионалты командæ. Уарзон хъуыддагмæ сфæлдыстадон цæстæй кæй кæсут, уый тыххæй журналистикæйы хуыздæр традициты райрæзты уæ хайбавæрдæн саргъгæнæн нæй, ноджы ма - ирон æвзаг бахъахъхъæнын, размæ ракæнын æмæ парахат кæныны хъуыддæгты дæр.  

Гуырдзыстоны хæстон агрессийы дугты æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахиуæгады райрæзты ахсджиаг фадгуыты газет «Хурзæрин»-æн егъау нысаниуæг уыдис адæммæ рæстаг информаци хæццæ кæныны хъуыддаджы. Нæ историйы уæззаудæр дугты газет иу бон дæр не ‘рурæдта йæ кусыт æмæ уый у йæ иузæрдион коллективы лæггад. 

Абон мах цæрæм вазыгджын информацион дуджы, æхсæнады фылдæрæй-фылдæр бынат ахсы Интернет. Уымæ æнæкæсгæйæ, газет йæ бынат нæ фесæфта дзыллон инофрмацион фæрæзты алыгъуызон арвистоны, уæддæр бахъахъхъæдта газеткæсæджы уарзт, æууæнк æмæ йæ аудитори. 

Бузныг уын зæгъын уæ куысты тыххæй, уæ хъуыддагмæ бæрнон ахасты тыххæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, удцырын, æмæ цы фæндтæ æмæ бæллицтæ нывæндут, уыдон фæрнæй сæххæст уæнт!  

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

 

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest