Мах сӕрыстыр стӕм, фыддугты зындзинӕдты сӕрты хизгӕйӕ нын кӕй бантыстис не ʻвзаг бахъахъхъӕнын - Гаглойты Алан

чт, 15/05/2025 - 09:09
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ республикæйы цæрджытæн мадæлон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы боны цытæн.

Бӕстӕйы раздзог банысан кодта, абон ирон адӕм кӕй нысан кӕнынц, алкӕмӕн дӕр ахсджиаг чи у, уыцы бӕрӕгбон.

«Ацы бон нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны нӕ арф бастдзинад, хъавгӕ кӕй ӕвӕрӕм ӕмӕ мыггагӕй мыггагмӕ кӕй дӕттӕм, уыцы истори, традицитӕ ӕмӕ культурӕимӕ. Ирон ӕвзаг канд кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕныны фӕрӕз нӕу, фӕлӕ нӕ адӕмы, йӕ ӕнӕфенгӕ миниуджытӕ ӕмӕ куырыхондзинад бамбарыны иунӕг фадат. Мах сӕрыстыр стӕм, фыддугты зындзинӕдты сӕрты хизгӕйӕ нын кӕй бантыстис не ʻвзаг бахъахъхъӕнын ӕмӕ йӕ размӕ ракӕнын, йӕ зонӕнтӕ ӕмӕ йын йӕ хæзнатæ суинаг фӕлтӕртӕм дӕтгӕйӕ», - дзырдæуы президенты арфæйы.

Гаглойты Алан бафтыдта, ирон ӕвзаг нын кæй баззад нӕ фыдӕлтӕй ӕмӕ дзы сӕрыстыр стӕм.

«Нӕ хӕс у, цӕмӕй, дидин ӕфтаугӕ, размӕ цӕуа! Зынаргъ хӕлӕрттӕ! Ирон ӕвзаг у диссаджы рӕсугъд ӕмӕ хъӕздыг. Хъус не ʻфсӕды аив ирон ныхасмӕ, зарӕгмӕ хъусынӕй. Мах хъуамӕ тынгдӕр уарзӕм нӕ мадӕлон ӕвзаг, бӕрзонддӕр аргъ ын кӕнӕм, хъуамӕ дарддӕр дӕр кусӕм йӕ райрӕзтыл, фидар ын кӕнӕм йӕ нысаниуӕг алы ироны царды, скъолаты ахуырады, культурӕйы, зонады.

Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд, зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ! Уадз ирон ӕвзаг хъуыса Ирыстоны алкӕцы къуымы, алкӕцы ирон хӕдзары, махӕй алкӕй зӕрдӕйы! Ӕмӕ нӕ дарддӕр дӕр иу кӕнӕд, уӕд нын ӕнусон фарн, зонд ӕмӕ тыхы суадон», балхынцъ кодта республикæйы сæргълæууæг.


Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest