Тылигом
Тылигом у Ирыстоны фарнæйдзаг æмæ алæмæттагдæр къуымтæй сæ иу. Уый æрынцадис Леуахи доны галиу фарс; Джермугъы, Сау хохы, Кæфийауы, Мæнгæфцæгы, Абазайы рагъы, Æфсатийы æмæ Къалмы къæдзæхы хъæбысы, кæцыты бæрзæнд хæццæ кæны æртæ мин метырæй фылдæрмæдæр. Тылигом географион рывæрдмæ гæсгæ æмарæн кæны; Гудисгом, Ципрнгом, Уанел-Цъæрит, Деметæ, Урстуалтæ æмæ Гнугъгомы кæмттимæ. Хъæздыг у ацы ком зайæгойтæйдæр, зайыдзы ссæдз хуызæй фылдæр бæласы мыггæгтæ; заз, чъиу наз, мохъо, соцъи, бæрз, кæр,з тæрс, фæрв, тæгæр, фатхъæд, уисхъæд, тулдз, сывылдз, хæрис, гæды æ.а.д. Йæ хъæдты æмæ рæгътыл зайы ахæм гагадыргътæ; саунæмыг, хъæлæрдзы, мæнæргъы, мæцкъуы, сыхсы, цъуй, мыртгæ, æхсæр, уагъылы, дзедыр, уырыскъæф, къабузæг, фæдæгъд, æрсмыд…
Хъæздыг у хæрынæн бæзгæ кæрдæджытæйдæр; цъоза, хъæндæлы, гæнгæлы, сæнк, мæнтæг, галыкъах, саджыкъах, хуычъийысæр, скъуда, диси, арзачъела, зынтъыры æ.а.д. Ис дзы æнæниздзинадæн кæмæй хос кодтой бирæ ахæм ахъазгæнæг зайæгойтæ; фугæ, залъæд, пысыра, битна, минсыфон, цæвæгхос, къусбын, халсаскъ ,тоблахъхъ, скъæлдзой, джеджджын, мæзæрæу, дугъысыф, рæсыдбадæн æ.а.д. Хъæдты æмæ хæхтыл сатæг уæлдæф улæфгæйæ æнцад-æнцоййæ цæрынц; арс, бирæгъ, рувас, тыртына, тæрхъус, сæлабыр, згъарæг, сæгуыт, сычъи, æмæ стай. Æхсæвæй бонæй æрдзы рæссугъддзинадыл зарынц æнæрынцой мæргътæ; зæрватык, дзывылдар, булæмæргъ, хъугдой, хæрдмæдзу, дзылыка, дыгоппон, дит-тутгæнаг, бурдым, хиуа, халлон, сынт, уыг, хъæдхой, зым, цæргæс, хъæрдздзыгъа, уæрцц, хъæдтаг карк æ.а.д.
Тылигомы незамантæй фæстæмæ ирайнаг æвзæгтыл дзурæг знæмтæ кæй цардис, уымæн æвдисæн сты Тылийы хъæуы æртæминазыккон уæлмæрды ингæнтæ. Тылигомы ис ахæм хъæутæ; Тыли, Уисто, Дæллаг Уисто, Хъæдысæр, Дзибæлтæ, Безетæ, Æрцоны ком, Абаза, Хъæууат, Тæгæрджын, Хъугом, Æрдуз, Дæллаг хъæу(Дæллаг Бадзыгат), Бадзыгат, Пухат æмæ Комы нарæг кæднодта Тылигом. Ацы хъæуты цардысты фондз мыггаджы Мæргъитæ, Дзассохтæ, Дзибæлтæ, Пухатæ æмæ Уæдтайтæ(Оттатæ). Ацы хъæуты ис æхсæз мæсыгы, сæ фылдæр æсты пырх Дзассохты мæсыгы йедтæмæ- Тылийы хъæуы. Иннæ мæсгуытæ та уыдысты Мæргъиты – Тылийы, Хъугомы, Абазайы æмæ Бадзыгаты. Дæллаг хъæуы та уыд Уæдтайты мæсыг. Тылийы æмæ Бадзыгаты хъæуты ис æрдæгзæхбын дзæппæзтæ. Тылийы хъæуы ма æнудæсæм æнусты арæзт æрцыд Чырыстон кувæндон-аргъуандæр. Дыууæ мин дыккагæм азы Тылигомы бахизæны сарæзтой Тылийы Уастырджыйы номыл кувæндон. Æмткæй сисгæйæ Тылигомы цæрджытæ куывдтой æмæ сæхи фæдзæхстой мæнæ ахæм зæдтæн æмæ дзуæрттæн; Тылийы Уастырджийæн, Джермугъæн, Титайæн, Уартауæн, Рекомæн, Уистойы авд дзуарæн, Хъугомы хæстæг дзуарæн, Рекомы авд кувæндонæн, Уациллайæн æмæ Тбаууациллайæн.
Тылийы комæй рацыд бирæ зындгонд гоймæгтæ; Мæргъиты Иликъо-кадæггæнæг, Мæргъиты Анатъоли –Уæрæссейы сгуыхт тренер, Мæргъиты Карум – Уæрæссейы империйы æфсады офицер, Мæргъиты Ацæмæз – Кавказы хъайтар, Мæргъиты Хъазбег –Уæрæссейы æмæ Хуссар Ирыстоны æсгуыхт тренер-журналист, Мæргъиты Ясон – фыссæг, Мæргъиты Сослан –Гуырдзыстоны сгуыхт артист, Дзассохты Григорий –профессор, дунейы зындгонд протозоолог, Дзассохты Константин - физикæ-математикæйы зонæдты кандидат, Дзассохты Никъала – филологон зонæдты кандидат, Дзассохты Александр - фыццаг ирон геолог Къуайсайы, Дзассохты Уасил- зынгæ революционер æмæ æхсæнадон архайæг.