Уарзон ахуыргæнæджы цытæн. Джиоты Дзоццæйы чызг Заирæйы ном аргæйæ

ср, 05/10/2016 - 15:23
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Ахуыргæнæджы професси рагæй нырмæ дæр ахсджиаг æмæ бæрнон кустыл нымад цæуы. Сабийы сомбон ахуырадæй аразгæ у. Сывæллæтты цæхæрадоны, скъолайы цы зонындзинæдтæ райсы, уыдонæй раст спайда кæнгæйæ сомбон ныфсджындæр æмæ фидардæр къахдзæфтæ кæндзæнис царды къæпхæнтыл.

Абон, 5-æм октябры нысан цæуы ахуыргæнджыты профессионалон бæрæгбон. Ацы бон ахуырдзаутæ фæарфæтæ кæнынц сæ ахуыргæнджытæн, æргомæй сын фæдзурынц сæ зæрæбын ныхæстæ.

Ацы чысыл уацы мæ ссарын фæнды мæ уарзон ахуыргæнæг,йæ дæсныйады иттæг хорз специалист, скъоладзау фæсивæдæн йæхи чи снывонд кодта, йæ професси æгæрон уарзтæй чи уарзта, афтæ ма хуымæтæг, уæздан гоймаг чи уыд, Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Джиоты Дзоццæйы чызг Заирæ ном.

Æрæджы кæд уый а-дунейæ ахицæн, уæддæр йæ фæлмæн мидбылхутт, аудгæ ахаст йæ ахуыргæнинæгты зæрдæты ныууагътой арф, æвидигæ фæд.

Заирæ тынг бирæ фæсивæд бафтыдта царды раст фæндагыл.

Урочы райдианы-иу цæстæнгасæй сбæрæг кодта, чи цавæр зæрдæйы уагимæ ‘рбахызт къласмæ æмæ-иу бацархайдта, тыхстдзинад чи взæрста, уыдоны-иу æррæвдауын æмæ сæ ахуыры просессыл бафтауын.

Урочы сæйраг темæйыл дзургæйæ, арæх абарстытæ арæзта царды æндæр æмæ æндæр цаутимæ. Къласмæ бахизгæй-иу цыма адæймаджы уæнгты ног цард ацыд, ахæм æнкъарæн æвзæрын кодта не ‘ппæтмæ дæр, йæ уайдзæфы ныхас дæр зæрдæмæ хъаргæ уыд, зыдтам, хорзæй дарддæр нын йæ зæрдæ кæй ницы зæгъы.

Кæд ацы фæззыгон бон Джиоты Дзоццæйы чызг Заирæйы коллегатæ сæмбæлдзысты сæ профессионалон бæрæгбоныл æнæ уымæй, уæддæр ын, кæй зæгъын æй хъæуы, ссардзысты йæ рухс ном хъарм ныхæстæй.

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest