Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы арфæ Уастырджыйы рухс бонты цытæн

пн, 19/11/2018 - 14:14
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Уæздан ирон адæм,
Уастырджыйы рухс бонтæ æрхæццæ кæнынц æмæ уæ йæ хорзæх уæд!

Уастырджы у ирон адæмы Хуыцауы минæвар Уæларвæй зæххы ʾхсæн, сæ сæрылхæцæг, æххуысгæнæг æмæ хъахъхъæнæг.

Царды фыццаг къахдзæфтæ чи аразы, ахуыры къахыл чи лæууы, йæ хæстон хæс чи æххæст кæны, йæ адæмæн æмæ йæ бинонтæн фæллойадон куыстæй чи лæггад кæны, – æрыгæттæ æмæ карджынтæ, – уе ‘ппæтæн дæр Стыр Уастырджы арфæгæнæг уæд. Зындзинæдтæй уæ хизæд, царды хорздзинæдтæй уæ нæртон æмæ рæдауæй хорзæхджын кæнæд.

Хъæлдзæг æмæ æнæмастæй цы цæрат, æнæфæцудгæ æнæниздзинад, хæларадзинад æмæ уарзондзинады хъуыддæгтæй хайджын цы уад, уыцы амонд уæ уæд кæддæриддæр.

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest