Арфæ Сыгъдæг Уастырджийы стыр бæрæгбоны фæдыл

вс, 20/11/2022 - 10:43
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Мæ зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Сыгъдæг Уастырджийы стыр бæрæгбоны фæдыл! Нæ фыдæлтæ нын бирæ раппæлинаг æгъдæуттæ æмæ традицитæ ныууагътой. Сæ мидæг ис ахуырад цардыл, æрдзыл, æхсæнады æлдариуæггæнæг фæтктыл, сæйраджы та, иумæ нæ зындзинæдты ныхмæ цы фæфидар кæны, уый. Уыдон сты нæ бындур, нæ уидæгтæ.

Уастырджийы бæраегбон у иудзинады, æфсымæрдзинады, кæрæдзи æмбарындзинады бæрæгбон. Фыдæлты æгъдæуттæн чи аргъ кæны, сæ монон традицитæ сын рох чи нæ кæны, чи сыл хæцы, уыдонæн иухуызон зынаргъ у ацы бæрæгбон.

Рухс Уастырджийы бæрæгбонтæ нысан кæнынц æгас Ирыстоны æмæ баст сты нæ адæмыл аудæг зæдимæ, уæларвон тыхты минæваримæ, нæ сæрхъызой, уæларвон хæстонимæ, кæцы кæддæриддæр æххуысмæ фæзыны, сыгъдæг зæрдæ, сыгъдæг хъуыдытимæ йæм чи бахаты, уымæ.

Ирыстоны иу ахæм къуым не ссардзынæ Уастырджийы номыл кувæндон кæм нæй. Уыдон иу кæнынц моны æгас Ир.

Сыгъдæг Уастырджи уæ хъахъхъæнæд, фыдбылыз æмæ зындзинæдтæй бахизæд алы хæдзар Ирыстоны, алкæй зæрдæ уæ байдзаг кæнæд фарнæй, уарзондзинадæй, уæздандзинадæй æмæ уæ сомбоны фидар ныфсæй!

Уастырджийы хорзæх уæ уæд!

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest