Абайты Вассо – планетӕйы фарны лӕг - Хъодзаты Æхсар

пн, 19/12/2022 - 13:54
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Ирзонады патриарх ӕмӕ корифей, дунейы иранисттӕн сӕ зынгӕдӕр, не ʼмзӕххон, ирон адӕмы сӕууон стъалы, ХХ-ӕм ӕнусы ӕвӕджиауы фарны лӕг, не сфӕлдисӕгӕй ратгӕ ӕмӕ аргъуыд Абайты Вассойы гуырӕнбон у декабры мӕйы 15-ӕм боны.

Вассо йӕ биографийы никуы амыдта йӕ райгуырӕн боны мӕй ӕмӕ нымӕц. Фыста-иу ӕрмӕстдӕр: райгуырдтӕн 1900 азы Къобы хъӕуы. Къобы хъӕумӕ йӕ фыд Абайты Уанкъа (Вакка) ныццыдис Сбайы хъӕуӕй куыстагур. Уым йӕ цард баиу кодта Дзахӕты рӕсугъд чызг Ниноимӕ. Бантыст сын хӕдзар скӕнын Къобы хъӕуы ӕмӕ-ма г.Тбилисы дӕр ӕрлӕууӕн бынат сфӕрӕз кӕнын. Цы ӕртӕ фырты ӕмӕ сын дыууӕ чызджы райгуырд, уыдон ахуыр кодтой Тбилисы гимназты ӕмӕ уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты. Иууыл номдзыддӕр сӕ ссис ӕфсымӕрты кӕстӕр – Вассо.

Уӕдӕ сӕрысуангӕй нӕ ныхасы сӕр уыдзӕн Вассойы гуырӕнбоны тыххӕй. Вассо йӕ гуырӕнбон кӕй нӕ амыдта йӕ биографийы, уый аххосӕй, ӕвӕццӕгӕн, ссис ахуыртӕн дзырддаг.

Вассойы 80-ӕм азы юбилейы цытӕн йӕ раздӕры аспирант, зынгӕ лингвист Исаты Мӕхӕмӕт ныффыста чиныг «Васо Абаев» (Орджоникидзе, 1980.). Уым автор фыссы: «Абайты Вассо райгуырд январы мӕйы 3-ӕм боны 1900 азы. Гуырдзиаг ӕвзагзонынады энциклопедийы та – декабры мӕйы 22-ӕм боны 1900 азы. Фӕстӕдӕр Цӕгат Ирыстон сарӕзтой чиныджы сыфты хицӕнгӕнӕн (вкладыш) Вассойы цард ӕмӕ сфӕлдыстады зонӕнты цыбыр афыстимӕ, цыран йӕ гуырӕнбоны нымад цӕуы декабры мӕйы 2-ӕм боны. Исаты Мӕхӕмӕт Вассойы 100 азы юбилеймӕ ӕрмӕгӕй дзӕвгар баххӕстгондӕй рауагъта мыхуыры ногӕй Вассойы тыххӕй чиныг («Василий Иванович Абаев», Москва, 2000.), цыран Вассойы райгуырды бон амынд ӕрцыд растӕй, ома декабры мӕйы 15-ӕм боны 1900 азы. Мӕхӕдӕг дӕр цалдӕр хатты фӕдӕн Абайтӕм уыцы номыбонгӕнӕн бӕрӕгбонты ӕмӕ йӕ 2000 азтӕй фӕстӕмӕ Ирыстоны дыууӕ хайы дӕр нысан кӕнынц декабры мӕйы 15-ӕм боны, уымӕн ӕмӕ-ма Вассойы 100 азы юбилей дӕр йӕ цардӕгасӕй г.Мӕскуыйы уагъд ӕрцыд декабры мӕйы 15-ӕм боны. Уыцы бӕрӕгбоны уыдыстӕм Хуссар Ирыстонӕй дӕр (12 ад.).

Дыккаг та мӕ фӕнды зӕгъын уый, ӕмӕ йӕ ном йӕхӕдӕг иронау дӕр ӕмӕ уырыссагау дӕр фыста «Вассо», ома дӕргъвӕтин «сс»-имӕ. Мӕнӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр:Нафи Джусойты «Письма Вассо Абаева», Цхинвал 2008г. Æмӕ ма ноджыдӕр Макеев М.Г. «Вассо Абаев: жизненный подвиг гения». Москва, 2009г.с.6.

Афтӕ мӕм кӕсы, цыма ацы дыууӕ дӕнцӕг дӕр Вассойы хицӕн кӕнынц йе ʼмдугонтӕй. Иууыл тынгдӕр та йӕ йе ʼмдугонтӕй йе ʼвзонджы бонты хицӕн кодта ӕппӕтварсон зонындзинӕдтӕм тырнынадӕй, арф хъуыдыкӕнынадӕй ӕмӕ ӕппӕтӕй дӕр фарны фыртӕй басгуыхтис йӕ радтӕг адӕмӕн. Йе ʼмдугонтӕй Вассо хицӕн кодта ӕрмӕст йӕ хъуыдыкӕнынадӕй ӕмӕ зонындзинӕдтӕй нӕ, фӕлӕ йӕ ӕвӕллайгӕ куыстӕй фӕтк ӕмӕ бӕрц хъахъхъӕнгӕйӕ. Йӕ зонадон куыстыты ахадындзинадӕй ӕмӕ ӕппӕт ӕрхӕсгӕ диссаджы миниуджытӕй хицӕн кодта куыд Ирыстоны, Кавказы, Фӕскавказы, Уӕрӕсейы, ӕмӕ-ма фӕсарӕйнаг ахуыртӕй дӕр. Уымӕн та ӕвдисӕн сты йӕ зонадон фундаменталон куыстытӕ, уӕлдайдӕр та йӕ «Ирон ӕвзаджы историон-этимологион дзырдуат» 5 томӕй. Ацы дзырдуаты тыххӕй филологон зонӕдты доктор, В.А. Ефимов фидарӕй зӕгъы:

«Вне всяких сомнений, Словарь является наивысшим достижением великого ученого и принадлежит к числу… самых выдающихся явлений в филологической науке ХХ столетия. Словарь является новаторским как по принципам составления, так и по своему построению. Впервые в лексикологической практике в одном словаре совмещены, как известно, элементы пяти разных словарей: двуязычного (осетино-русского), документированного, исторического и реального. Словарь получил широкую известность и признание ученых во всем мире». («Актуальные проблемы иранистики и теории языкознания». Владикавказ «Ирыстон», 2002г., стр.68).

Абайты Вассо дзӕвгар зонадон хъаугъаты бацӕугӕйӕ ӕрӕвӕрдта зонадон бындур Нарты эпос ирӕтты эпос кӕй у, уымӕн дӕр. Йӕ теоретикон куыстытӕ кӕд 10 куысты йеддӕмӕ не сты, уӕддӕр сӕ анализкӕнинаг ӕрмӕг у диссаджы рӕстдзӕвин куыд рӕстӕгӕй, афтӕ ӕрмӕгӕй дӕр.

Абайты Вассойы теоретикон куыстытӕй уӕлдай дзырддаг систы йӕ уацтӕ: «О фонетическом законе» - 1932г., «Язык как идеология и язык как техника» - 1934, 1936 гг. «Понятие идеосемантики» - 1946 г. (1948г.). Ацы куыстыты тыххӕй Абайты Вассо ахуыргӕндты ʼрдыгӕй ахӕм ӕфхӕрд баййӕфта ӕмӕ йӕ амарынӕй бахъахъхъӕдтой, ӕвӕццӕгӕн, уӕларвон тыхтӕ. Уымӕн ӕмӕ 1950 азы Советон зонады райдыдта репресситы дыккаг этап. Филологийы фарстатӕ баст уыдысты акад. Н.Марры номимӕ. Н.Марр уыдис Вассойы зонадон хъомылгӕнӕг, зонадон фӕндаг амонӕг, хорз адӕймаг ӕмӕ стыр ахуыргонд. Ӕвзонг Советон хицауад акад. Нико Маррӕн бахӕс кодта Советон ӕвзагзонынад райрӕзын кӕнын. Н. Марр йӕ фатеры дыууӕ хатӕнӕй иуы бакодта зонадон Институт ӕмӕ ӕрӕвнӕлдта цалдӕр ахуыргондимӕ (уыдон ӕхсӕн ирон ӕвзонг лӕппу Абайты Вассо дӕр) ӕвӕллайгӕйӕ кусынмӕ. 1940-ӕм азтӕм Н.Маррӕн хъуыстис ӕрмӕстдӕр йӕ хорзы кой, фӕлӕ йыл стӕй ахуыртӕ райдыдтой сӕхӕдӕг цы не ʼмбӕрстой, уыцы фарстаты йӕ азымджын кодтой. Суанг-ма ӕрхъавыдысты Н.Марры куыстытӕ басудзынмӕ дӕр. Иудзырдӕй, Вассо йӕ ахуыргӕнӕгыл комдзог нӕ рацыд, нӕ балӕууыд Н.Марры иннӕ хъомылгӕнинӕгты, ома «маррист»-ты фарсмӕ, кӕд иттӕг хорз ӕмбӕрста ӕмӕ зыдта Н.Марры зонадон концепциты цы уыдис рӕдыдӕй, уый, уӕддӕр. Фӕстӕдӕр Вассо Н.Марры тыххӕй ӕппӕт дӕр загъта йӕ уацы («Н.Я.Марр (1864-1934). К 25-летию со дня смерти» // ВЯ, 1960, №1).

Стыр диссаг уый у ӕмӕ ЦИ-йы ахуыртӕм ӕрцыдысты Уӕрӕсейы ахуыртӕ Б.А. Серебренников ӕмӕ В.П. Сухотин ӕмӕ сӕ сразӕнгард кодтой Абайты Вассойы зонадон куыстыты ныхмӕ конференцийыл ӕрдзурын. Сӕ фарсмӕ балӕууыд Джыккайты Д. дӕр, Цӕгат Ирыстоны парийы Обкомы кусӕг. Зӕгъынц, зӕгъгӕ, Гагкаты К.Е. ӕмӕ Кодзырты Т.З. карз ныхас нӕ загътой, фӕлӕ иннӕты уромӕг нал уыд. (Бакӕсӕн сӕ ис чиныг «Фарн Вассо» т. I, II 1-аг хайы райдайӕны).

Абайы фырты ӕркодтой Мӕскуымӕ Ленинградӕй (Санкт-Петербург). Уӕд Вассо куыста ИЯМ-йы. Ӕрцыдис йӕ аспирант, фӕстӕдӕр зынгӕ ахуыргонд, Исаты Мӕхӕмӕтимӕ.

Ӕвзагзонынады Институты уагъд ӕрцыдис зонадон Советы рабадт. Уым Исаты М. куыд зӕгъы, афтӕмӕй цыдис сӕрмагондӕй ныхас Абайты Вассойы уӕлдӕр ӕрхӕсгӕ куыстыты тыххӕй ӕмӕ-ма, зӕгъгӕ, «марристты» фарсмӕ цӕуылнӕ балӕууыд, цӕуылнӕ ӕххӕст кӕны И.Сталины амындтытӕ ӕвзагзонынады раст фӕндагмӕ раздахыны тыххӕй. Вассойы ʼфхӕрджытӕ фӕдзырдтой 2 сахатӕй фылдӕр. Исаты М. дзуры йӕ мысинӕгты: «Лӕвӕрдтон ӕм блокнот ӕмӕ сисыг (ручкӕ), фӕлӕ сӕ нӕ айста». Исаты лӕппу та тарстис искӕцы зылынгӕнӕг фарста дзы, зӕгъгӕ, куы ӕрбайрох уа дзуапгӕнгӕйӕ.
Абайты Вассо 2 сахаты дӕргъы фӕдзуапп кодта алкӕцы ӕфхӕрӕгӕн дӕр. Стӕй бафарста рабадты сӕрдары (акад. В.В. Виноградов), кӕд-ма искӕмӕ ис фарста, зӕгъгӕ. Ауыртӕ сӕ сӕртӕ сӕ гуыртыл ӕрӕппӕрстой ӕмӕ сӕ хъыпп-сыпп дӕр нал райхъуыст. Уӕд акад. В.В. Виноградов зӕгъы Вассойӕн: «Я хочу Вас спасти, Василий Иванович, надо Вам покаяться за свои ошибки». Вассо уымӕн сдзуапп кодта афтӕ: «Спасибо за сочувствие, но, право от моей совести меня никто не может спасти, кроме меня самого… Если ко мне нет больше вопросов, то всего вам хорошего». Фӕлӕ та йӕм бахатыди В.В. Виноградов: «Вы напишите статью в журнале «ВЯ» о своих ошибках».

Абайы фырт кафедрӕйы цурӕй рахызт ӕмӕ залӕй сӕрбӕрзондӕй рацыд(«Фарн Вассо» III т., Цхинвал, 2020г. с. 239). 3-аг бон изӕрӕй хъуамӕ ацӕуой Ленинградмӕ, фӕлӕ-ма Исаты М. бауад ӕвзагзонынады Институтмӕ. Къӕлидоры йыл амбӕлд В.В. Виноградов ӕмӕ йӕ бакодта йӕ кабинетмӕ, бафарста йӕ: «Где большой джигит?». Уазӕгдоны, зӕгъгӕ, уыдис Мӕхӕмӕты дзуапп. Акад. В.В. Виноградов ӕм ратта дыууӕ хатӕнӕй конд фатеры дӕгъӕлтӕ Новопесчанӕйы уынгыл ӕмӕ загъта: «Райсом ӕрбацӕуӕд куыстмӕ, гъеныр мӕ хӕдивӕг у». Исаты Мӕхӕмӕт дисгӕнгӕ атагъд кодта уазӕгдонмӕ, радта дӕгъӕлтӕ Вассомӕ, загъта йын: «Баурӕдтой дӕ ӕвзагзонынады Институты директоры хӕдивӕгӕй. Вассо, бахудт ӕмӕ загъта: «Ленинграды ӕдзухдӕр ӕвзӕр арвыгъӕд ис ӕмӕ нын Мӕскуыйы хуыздӕр уыдзӕн цӕрынӕн». Абайты Вассо рацыд Ленинградӕй ногӕй саразгӕ ӕвзагзонынады Институтмӕ, фӕлӕ ирайнаг филологийы секторы сӕргълӕууӕгӕй, ӕрӕвнӕлдта уӕхскуӕзӕй ӕмӕ ӕвӕллайгӕ куыстмӕ, цыран фӕкуыста, цалынмӕ пенсийы ацыд, уӕдмӕ.

Исаты Мӕхӕмӕтӕн та ӕнцой нӕ лӕвӕрдта ахӕм фарста: «Вассойы цӕуылнӕ фехстой, цы ʼрцыдис?» Уый ныхъхъавыдис Кремлы партархивмӕ цыфӕнды хуызы дӕр бацӕуын ӕмӕ фена уыцы рабадты суагъӕйы ӕрмӕг. Йӕ къухы бафтыдис ӕрмӕстдӕр ӕвзагзонынады Институты партчыры нымӕрдар куы ссис, уӕд. Уым ссардта уыцы бонты (1952 азы) ӕхстмӕ кӕй рауӕлдай кодтой, уыцы ахуырты номхыгъд. Номхыгъд бавдыста Л. Берия И. Сталинмӕ. Номхыгъды фыццаг ӕрцыд фыст Абайты В.И. Номхыгъды Абайты В.И-йы бакомкоммӕ сырх кърандасӕй И.Сталин ныффыста: «Этого оставить. Хороший ученый. Перевести в Москву». Куыд Исаты М., афтӕ махмӕ дӕр фарст ӕвзӕры: «Вассо мӕлӕтӕй аирвӕзт куыд ирон лӕг, ӕви куыд стыр ахуыргонд?» Зын нын у сдзуапп кӕнын, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы бузныг И. Сталинӕн. (И. Сталины стъолыл, дам, ӕдзухдӕр уыдис Вассойы чиныг «Осетинский язык и фольклор»).

Абайы фырт «бахӕсгонд уац» дӕр ныффыста: «О принципах составления этимологического словаря» («ВЯ». 1952г. №2.) Уацы хатыр ракурыны аууон дӕр нӕй! Цы куыстыты тыххӕй йӕ ӕфхӕрдтой Уӕрӕсейы ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны зынгӕдӕр ахуыртӕ, уыдон тыххӕй та япойнаг стыр филолог, дунейы зынгӕдӕр социолингвист Кацухико Танака ныффыста: «Лучшее, что было создано в Советском языкознании тех лет, это работы В.И. Абаева (30-50 годы) (Tanaka Katsuhiko. «Sutuatin gengogaku» seidoku. Tokyo, 2000, с. 289-290.)

1958 азы дунейы ахуыртӕ базонгӕ сты Абайты Вассойы «ИÆИЭДз»-ы I-аг томимӕ. Дунейы зонады уыцы куысты фӕзынд уыдис сенсаци. Фыстой йӕм бузныджы телтӕ ӕппӕт бӕстӕты ахуыртӕ («Фарн Вассо, 2020 аз, т. III»). Раздӕхтой йӕм сеʼргом Цӕгат Ирыстоны ахуыртӕ дӕр. Ацы алӕмӕттаг диссӕгтӕн сарӕзтон ахӕм хатдзӕг: «Аргъӕутты Амыранау ӕрхаста дунемӕ зонады зынг ӕмӕ сцырын ис тираны тох Вассойы ныхмӕ». Вассо басыгъта тираны тох зонады зынгӕй ӕмӕ дунейы арвыл фӕзындис ног цӕхӕркалгӕ стъалы – Вассойы фарн» («Фарн Вассо» т. III, ф.568).

Абайты Вассо йӕ хъус лӕмбынӕг дардта ирон ӕвзаджы райрӕзт ӕмӕ архайдмӕ. Зӕгъӕн ис ӕмӕ йын иу проблемӕ дӕр нӕ аирвӕзтис ӕнӕркастӕй. ЦИ-йы фысджытимӕ иу фембӕлды йӕм радтой фарста: «Нӕ растфыссынады ӕгъдӕутты прогресс нӕма ис?»

– Прогресс нӕ, фӕлӕ фӕстӕмӕ акъахдзӕф кодтам, - загъта Вассо. – Латинаг графикӕ куы истам, уӕд арӕзт ӕрцыдис къамистӕ, биноныг куыстытӕ фӕкодтам, фӕархайдтам, хуыздӕр цӕмӕй уа, ууыл. Уырыссаг графикӕмӕ куы хызтыстӕм, уӕд та ахӕмӕй ницы уыд, алцыдӕр талф-тулфӕй кодтам, куырмӕджы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ орфографи у бындуронӕй рацаразинаг …» («Фарн Вассо, т. III», ф. 526).
Иуахӕмы йӕм фысджытӕ бахатыдысты ирон ӕвзаджы уавӕры тыххӕй. Абайты фырт загъта:

«Относительно судьбы нашего языка, о будущем нашего языка я уже высказывался не раз. Верно то, что язык, судьба нашего языка внушает тревогу. И есть признаки, что он может постепенно исчезнуть. Я имею в виду в особенности судьбу нашего языка в семье, в кругу семьи. Если язык исчезнет в семье, в домашнем быту, то не поможет уже ни радио, ни газеты, ни телевидение, ничего уже не поможет. Поэтому надо особенно беречь судьбу нашего языка в семье: если дети с молоком матери не усваивают родной язык и не пользуются им дома, то язык можно считать обреченным. Я настроен оптимистически. И почему? Потому что есть исторические примеры, когда языку угрожала полное исчезновение и, тем не менее, он не только не исчез, но расцвел. Один такой пример - это пример Чехословакии.

Чехословакия входила в состав Австро-Венгерской монархии в прошлом веке, вплоть до первой мировой войны. Государственным языком во всей империи был немец¬кий. И немецкий язык усиленно насаждался в школах, в печати, повсюду, где только можно, насаждался немецкий язык, и создавалось такое впечатление, что для чехов или венгров, особенно для интеллигенции, говорить на родном языке стало даже как-то неудобно, потому что казалось, что это язык второсортный, а немецкий - это настоящий язык. И многие чехи уже думали:

«Да, видно нашему языку уже не выжить, видно наш язык исчезнет». К такому выводу приходили многие интеллигенты, но вдруг наступил перелом. Возникло движение среди чешской интеллигенции. Движение за родной язык. Возглавлял это движение историк Франтишек Палацкий. Он написал книгу на немецком языке, потому что он как ученый, как историк на чешском языке не мог писать, потому что чешский язык считался не пригодным для научной литературы. Так вот он написал «История Богемии» (в то время Чехия называлась Богемия.). И вот эта книга, наряду с другими факторами с другими выступлениями сыграла решающую роль в том повороте, о котором я говорю. Повороте в пользу родного языка. Я уверен, что наш язык будет жить, потому что в нем постоянно будет происходить тот процесс, который происходил в середине прошлого века в Чехословакии. Процесс внутренней духовной консолидации и … надо помнить: «Дерево рушится, если подсечь его корни в земле, язык погибнет, если подсечь его корни в семье». («Фарн Вассо», 2021 аз т.III», ф. 412-413).

Фӕнды-ма мӕ зӕгъын, Абайты Вассойы лекциты тыххӕй рагон ирайнаг («Авеста») ӕмӕ рагон персайнаг ӕвзӕгты тыххӕй.

1976-1982 азтӕ кусын ирон ӕвзаджы фонетикӕ, фонологийыл ХИЗИИ-йы ӕвзаджы хайады разамонӕг проф. Гӕбӕраты Н.Я. хӕсмӕ гӕсгӕ. Бӕлвырд позициты сонорон /Й/ ӕмӕ /У(ы)/-йы архайд нӕ хатыдтӕн. Мӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕрвыст ӕрцыдтӕн г.Мӕскуымӕ ӕвзагзонынады Институты ирайнаг филологийы сектормӕ стажерӕй. Вассойӕ бар ракургӕйӕ, райдыдтон цӕуын йӕ лекцитӕм («Авеста»). Дыккаг лекци (дыккаг къуыри) цалынмӕ райдыдта, уӕдмӕ мӕм бадзырдта ӕмӕ зӕгъы: «Цӕмӕн дӕ хъӕуынц мӕ лекцитӕ, ды филологон зонӕдты кандидат куы дӕ». Ӕз фӕтыхстӕн ӕмӕ йӕм лӕгъзтӕгӕнӕгау бахатыдтӕн: «Мӕ дарддӕры зонадон куысты мӕн ӕнӕмӕнгӕй хъӕуынц чысыл уӕддӕр зонын нӕ рагон ӕвзӕгты ӕмӕ лекцитӕм цӕудзынӕн». Хорз, зӕгъгӕ, загъта, фӕлӕ-ма мӕ ныффӕдзӕхста: «Аспиранттау дӕу дӕр фӕрсдзынӕн ӕрмӕгӕй». Ӕмӕ та бар ракуырдтон, цӕмӕй мын сӕ магнитафоныл бауадза фыссын. Афтӕмӕй сӕ фӕфыстон касетӕтыл 1982-1984 азы марты мӕймӕ. Сӕ иу хай – «Авеста» - йӕ раздӕры аспиранткӕ, авестолог Виноградова С.П.-имӕ мыхуыры рауагътам Вассойы 115 азы юбилеймӕ. Гъеныр та тагъд рухс фендзӕн рагон персайнаг ӕвзаджы лекциты курс дӕр.

1982 азы октябры мӕйы кӕрон ӕз Абайтӕм, развӕлгъау бар ракургӕйӕ, бацыдтӕн консультаци райсынмӕ. Мӕнӕн мӕ цӕстытӕ ратӕх-батӕх кодтой йӕ библиотекӕйы гуырахстыл, куыд хатӕн-кабинеты, афтӕ къӕлидоры дӕр цармӕ (3,5 м. бӕрз.) кӕрӕдзийыл амад тӕрхӕджытыл.

Дзӕвгар рагон чинггуытӕ мын ӕвдисгӕ дӕр ракодта. Кабинеты ма йӕм уыдис тынг алыгъуызон мигӕнӕнтӕ, нывтӕ, скульптурӕтӕ – йӕ юбилейты цытӕн лӕвӕрттӕ. Иу скульптурӕ дзы уыдис «Скиф-Вассо», ӕвӕццӕгӕн, 80 см. бӕрзӕндӕн, йӕ разы та дыууӕ скифы зонгуытыл хаудӕй. Рацыдтӕн, фӕлӕ тыхстӕн: мыййаг куы ныдздзӕгъӕлтӕ уа ацы диссаджы хӕзна. 1 аз ӕмӕ 8 мӕйы уымӕ ӕртӕ хатты бахатыдтӕн, ХИ-йы дын баулӕфыны бынат (цӕрӕн уат) куы сфӕрӕз кӕниккам, зӕгъгӕ. Сдзуапп мын кодта 3-аг хатт, 1984 азы рацӕуинаг куы уыдтӕн, уӕд. Амӕсты, йӕ кӕсӕнцӕстытӕ йӕ ныхыл авӕрдта, ӕмӕ мын тӕрккӕй афтӕ: «Зоя, ты что – секретарь Обкома?» Æз ӕй бамбӕрстон, ома… ӕмӕ йын ӕмбисонд ӕрхӕсгӕйӕ сдзуапп кодтон: «Мӕлдзыг гыццыл у, фӕлӕ арсы куы атоны, уӕд арс йӕхи бӕлӕстыл ӕмӕ къӕдзӕхтыл фӕхафы». Вассомӕ уый цы худӕг фӕкастис нӕ зонын, фӕлӕ иттӕг зӕрдиагӕй ӕнӕхин худт ныккодта ӕмӕ сразы.

Ӕз ма йӕ ноджыдӕр афарстон: «Чъребайы ӕви Дзауы?». «Чъребайы, Чъребайы, цӕмӕй-иу мӕм мӕ хӕлӕрттӕ ӕрбацӕуой!». Йӕ хӕлӕртты номхыгъд та йӕхи фыстӕй бакӕсӕн ис («Фарн Вассо», т.III», ф. 370). Ӕрхӕццӕ дӕн нӕхимӕ. Мӕ хъуыды уыдис - ХИЗИИ-йы фаллаг фарсыл суадзын хъӕуы 3 уӕладзыг, 3-аг уӕладзыг йӕ библиотекӕйӕн, 2-аг цӕрӕнбынат. Уӕллӕгтӕм нӕ бакуымдтой ссӕуын Нафи, Тъехты Баграт, Мӕргъиты Алыкси ӕмӕ уӕд мӕ ных сарӕзтон Пединституты историон-филологон факультеты декан Цыбырты Л.А. Вассойы хӕлармӕ. Уыдон нывгӕнӕг Хъотайты Г.С.-имӕ ссыдысты, Къӕбулты Т.Ш.-мӕ. Радзырдтой йын ӕппӕт дӕр. Уый уыцы уысм бацыдис Партийы Обкомы 1-аг нымӕрдармӕ. Санахъоты Ф.С. ӕртӕуӕладзыг саразыныл не сразы ис, фӕлӕ рагӕй цы финаг агъуыст (абоны Вассойы уынгыл) уӕвынад кодта, ууыл сразы. Цалцӕгкӕнинаг уыд ӕмӕ мӕнӕн Ленинградӕй ӕрвитинаг фесты, ам ссарӕн цӕмӕн нӕ уыдис – обойтӕ, штортӕ ӕмӕ ӕнд.ах. Ам та къуымбил балхӕдтон ӕмӕ Абайтӕн сцӕттӕ кодтон се ʼрцыдмӕ дыууӕ гобан ӕмӕ дыууӕ хъӕццулы.

Стыр куыст бакодтой Цыбырты Л.А. ӕмӕ Хъотайты Г.С. Агъуыстмӕ бафтыдтой къӕбиц, хиӕхсӕн, найӕн ӕмӕ а.д. Фӕсаууон ахуыры нӕм уӕд бирӕ лӕппутӕ уыдис, ӕмӕ нын уӕзласӕн хӕдтулгӕтыл ӕрластой Тъбеты быдырӕй сыджыт ӕмӕ йын йӕ цӕхӕрадон дӕр сыджытӕй сраст кодтам. Ӕмбонды кӕрӕтты та дохтыр Пӕрӕстаты Инал (Абайты сиахс) ныссагъта мӕнӕргъы, хъӕлӕрдзы ӕмӕ ӕнд.ах. гагадыргъ къутӕртӕ). ССГ-йы директор Басишвили В. та цӕхӕрадоны цы къахвӕндаг уыдис, уый алыварс ныссагъта диссаджы рӕсугъд дидинджытӕ. Вассо дӕр йӕ бинойнаг Цхуырбианимӕ ӕрхӕццӕ сты Гурмӕ. Ӕрбакодтам ӕй ӕмӕ йӕм Цыбырты Л.А. радта дӕгъӕлтӕ, зӕгъгӕ, дӕхӕдӕг бакӕн дуар. Уый бакаст агъуыстмӕ, тынг йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдис ӕмӕ загъта: «Домик на куриных ножках». Афтӕ мӕм кӕсы ӕмӕ ХИ-йы сӕрды мӕйты цы азты рацард, уый йын хаста стыр ӕхцондзинад. Ӕмӕ йӕ хорз мидравг та махӕн не ’ппӕтыл дӕр ӕндӕвта хорзӕрдӕм. Ӕз та мӕ активон архайдӕй бузныг дӕн мӕхицӕй, мӕ хъуыды кӕй ӕрцахста, цӕмӕй Вассойӕн ХИ-йы улӕфӕн бынат саразӕм.

Июлы мӕйы 1987 азы Вассомӕ уынынмӕ ӕрцыдысты Джыккайты Ш.Ф. ӕмӕ Тахъазты Х.А. Цӕгат Ирыстонӕй. Ӕз сӕ фӕуазӕг кодтон нӕхимӕ, семӕ Хъотайты Г.С., Гаглойты Ю.С. дӕр. Æрбахуыдтам Вассо ӕмӕ йӕ бинойнаджы дӕр. Цалынмӕ фынгыл ӕрбадтысты, уӕдмӕ Вассо ӕрдомдта магнитофон сиу кӕнын. Сӕххӕст ын кодтон йӕ куырдиат ӕмӕ диссӕгтӕ – загъта ныстуан, йӕ библиотекӕ кӕй уадзы махӕн, ХИ-йӕн, нӕ хъарм ахасты тыххӕй:

«Всю свою библиотеку я хочу пода¬рить Южной Осетии. Это будет скромный знак моей благодарности Южной Осетии, общественности Южной Осетии, за все что она для меня сделала. Я представляю себе технически это дело так: на первых порах библиотека не будет вливаться в какую-нибудь Цхинвальскую библиотеку, а будет размещена у меня в доме. Для того, чтобы кто-нибудь заведовал этой библиотекой, так сказать, следил за ним, чтобы там было все цело. Ну, техническая работа такая, составление каталогов. Я надеюсь, что это возьмет на себя Ксения Григорьевна. Надо будет составить 3 каталога: русский, иностранный, осетинский. В дальнейшем надо будет составить отраслевые каталоги по отдельным дисциплинам. Встает вопрос о том, перебрасывать книги с полками или без полок. Лично я думаю, что перевозить полки - это очень громоздко и можно просто здесь за¬казать стеллажи и на них разместить. Но может быть и такой вариант - книги перебрасывать вместе с полками. Библиотека должна быть общественной, т.е. доступной каждому, кто интересуется книгами. Ну, конечно, такой доступ непосредственно к книгам будет только для самых близких людей. Ну, и другие по каталогу могут находить себе нужную книгу, и получить на дом на определенный срок. Иными словами, она будет работать так, как любая общественная библиотека. Ну, в далеком будущем она, наверное, вольется в местные библиотеки. Может быть, изначально обязанности заведую¬щей библиотеки возьмет на себя Ксения Григорьевна... Посмотрим». («Фарн Вассо», т.III», ф. 381)

Фӕлӕ стӕй хӕст…агъуыст басыгътой гуырдзы, йӕ бинойнаг – Цхуырбиан иу мӕй уӕззау рынчыны фӕстӕ 1996 азы ахицӕн йӕ цардӕй. Ӕнӕхъӕн афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг компьютерыл иу нӕлгоймаг Вассойы удӕгасӕй фӕцарӕзта чингуытӕн номхыгъд … Вассо ахицӕн йӕ цардӕй марты мӕйы 18 боны 2021 азы. Библиотекӕ раластой СОИГСИ-йы библиотекӕмӕ.
Ног агъуыст-музей арӕзт ӕрцыдис РХИ-йы къухдариуӕгады ӕххуысӕй. Стыр бузныг уыдонӕн иууыл дӕр. Уырны мӕ, ацы музей кӕй суыдзӕн ХИ-йы культурон-рухстауӕг объект ӕмӕ нӕ интеллигенцийы ʼххуысӕй сӕндидзын кӕндзыстӕм Вассойы цы проблемӕтӕ тыхсын кодтой, уыдон ӕппӕтвӕрсонӕйдӕр: ӕгъдау, фарн, ӕхсар ӕмӕ лӕджыхъӕд.
Дзӕнӕты бад! Нӕ зонды мӕсыг, ӕнӕхъӕн дунейы фарны лӕг!

Гонорар ӕххуысы хуызы лӕвӕрд ӕрцӕуӕд Украинӕйы хӕцӕг лӕппутӕн. Филологон зонӕдты кандидат, профессор Битарти З.А.

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest