Гаглойты Алан раарфæ кодта Еналдыты Хъазбегæн йæ райгуырæн боны цытæн

вт, 06/06/2023 - 16:23
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр Совет»-ы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазбегæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Хъазбег Иналы фырт!

Зæрдæбынæй цин кæнын де 65-азон юбилейы цытæн зæрдиаг арфæтæ ракæныны æхцон фадатыл.

Дæ бирæварсыг æхсæнадон архайд удвæрнон-хæрзæгъдау æндидзынад æмæ ирон адæмы культурон-историон хæдбындурдзинад бахъахъхъæнын, национ сæрыстырдзинад, патриотизм æмæ интернационализмы æнкъарæнтæ парахат кæныны сæраппонд, адæммæ уæздан æмæ фæлмæнзæрдæ ахаст дын сифтонг кодтой аккаг аргъ æмæ кад куыд Цæгат, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. Егъау у дæ сæргълæудæй дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр Совет»-ы нысаниуæг национ иудзинад сфидар кæныны хъуыддаджы.

Фидарæй мæ уырны, дæ арф зонæнтæ, разамонæджы курдиат æмæ хъару, ныййарæг адæмæн куыд фылдæр пайда æрхæссынмæ тырнындзинад дарддæр дæр кæй уыдзысты де ʻнтыстыты æнæфæцудгæ бындур.

Цытджын Хъазбег, мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, удвидардзинад, ног ахадгæ бæрзæндтæ Ирыстоны хæрзæбонæн!».

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest