Арфӕ Уастырджымӕ кувӕн бонты фӕдыл:
Зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ! Зӕрдӕбын арфӕ уын кӕнын Уастырджыйы стыр бӕрӕгбоны цытӕн.
Уастырджы у ирон адæмы сæрылхæцæг, фыдбылызсафӕг, æххуысгæнæг æмæ хъахъхъæнæг. Царды фыццаг къахдзæфтæ чи аразы, ахуыры къахыл чи лæууы, йæ хæстон хæс чи æххæст кæны, йæ адæмæн æмæ йæ бинонтæн фæллойадон куыстæй чи лæггад кæны, уе ‘ппæтæн дæр Стыр Уастырджы арфæгæнæг уæд ӕмӕ уын уӕ цардвӕндаджы ӕххуысгӕнӕг уӕд.
Къуырийы дæргъы алы ирон хæдзары дæр кувдзысты Ирыстоны адæмы рæсугъд фидæны тыххæй. Уадз фехъуысæд уыцы куывдтытæ Стыр Хуыцау æмæ Уастырджымæ, Ирыстоны алы хæдзарæн дæр балæвар кæнæд фæрныгад æмæ амонд.
Нӕ хӕстонтӕ Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийӕ сӕрыгас ӕмӕ уӕлахизимӕ куыд ӕрыздӕхой, нæ адæм кæрæдзийы хуыздæр куыд æмбарой, нæ фидæн нæ абонæй хуыздæр куыд уа, уыцы арфæ нын ракӕнӕд Уастырджы.
Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар ӕнӕниздзинад, хӕрзӕбон ӕмӕ цардамонд!
Уастырджыйы хорзæх уæ уæд!






