Туркаг ӕхсӕнад «Алан» хъыгзӕрдӕйӕ тӕфӕрфӕс кӕны Джусойты Нафийы зианы фӕдыл
Турчы цæрæг ирон адæмы культурон-хæрзаудæнгæнæн æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин тæфæрфæсы тел æрбарвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы номыл гениалон ирон поэт, фыссæг, тæлмацгæнæг, литературæзонæг æмæ стыр ахуыргонд, филологон зонæдты доктор, профессор, академик Джусойты Нафийы мæлæты тыххæй.





