Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы арфæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн
Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Абон мах, ирон адæм, цытджын æгъдауæй нысан кæнæм нæ мадæлон æвзаджы бон. Уый у, нæ кадджын фыдæлтæ нын цы æвидигæ хæзнатæ ныууагътой, уыдонæй сæ рæсугъддæр, сæ бæркадджындæр.
Абоны бонмæ ирон æвзаг рацыд историйы фæндæгтыл бирæ фыдæбæттæ бавзаргæйæ. Уыдон æй мæгуырдæр нæ кодтой, фæлæ хъæздыгдæр. Ирон æвзаг афтæ фæлмæн, рæсугъд, аив æмæ æхцон у, æмæ йæ арфæйаг зæлтæ æндæр адæм куы фехъусынц, уæд æвиппайды сæ зæрдæмæ фæцæуы, йæ уацары сæ бакæны.





