Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ирон филологийы деканат ахуырадон процессы саразы студенттæн зонадон-хъомыладон куысты фæдыл афæдзон нывæст. Ахæм архайд хъæздыг кæны студентон царды мидис.
Ахуыры процессæй дарддæр ма ацы факультеты ахуыргæнджытæ алыварсонæй архайынц, цæмæй студенты миддуне рæза æмæ уæрæх кæна национ идейæйы миниуджытæ æнкъаргæйæ. Университеты студенттæн каст цæуынц продуктивон лекцитæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æндидзынгæнæн принциптимæ. Ацы фарст бынтон гуырахстджынæй æххæст цæуы ирон филологийы факультеты. Уымæн æмæ мадæлон æвзаг у национ атрибутикæйы фыццаг æвдисæг. Цы адæм сæ мадæлон æвзагмæ уазал ахаст дардтой, уыдон куыд наци, афтæ иууылдæр фесæфтысты. Мадæлон æвзагыл хъæуы аудын, хъæуы йæ хъахъхъæнын æмæ йын аразын хъæуы фадæттæ йæ райрæзынæн. Æвзаджы хъæздыгдзинад нацийы бæрцыл баст нæу, уымæн йæ ратæдзæн у удварны патриотикон æнкъарæн. Æвзаджы дæснытæ æмæ зонадон архайджытæй та Ирыстон алыхаттдæр ифтонг уыдис. Ирыстоны ирон дзырд, ирон ныхас æмæ ирон фарн сæ бынат куы фесафой, уæд Ирыстонæн ном дуртæ æмæ бæлæстæ нæ дæттынц. Ирон æвзаг нæ иумиаг хæзна у æмæ йæ фыдæлтæ æнусты сæрты абоны фæлтæрмæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнгæйæ æрхæццæ кодтой. Афтæ мах дæр хæсджын стæм, цæмæй йæ фидæны кæстæртæм сæрбæрзондæй адæттæм. Къоста, Уасо, Цомахъ, Секъа, Нигер, Шамил æмæ Нафи цы взагыл дзурынц, уымæн мæгуырау уæвæн нæй. Мæгуырау æвзагæн историон-этимологон дзырдуат нæ вæййы. Ирон æвзаджы дзырдтæ та сæ историон нысаниуæгмæ гæсгæ дунейы къуымты ныхъхъæр сты. Ирон филологийы факультеты къухдариуæгад нымайы, цæмæй Ирыстоны университеты студент зона æмæ гæнæн уæвгæйæ йæхи цæстæй фена райгуырæн бæстæйы æрдзы рæсугъддзинæдтæ. Ацы хъуыдыйы бындурыл афæдзон ахуырадон-хъомыладон нывæстмæ хаст æрцыдысты ахæм фарстытæ. Ирыстоны кæмттæ æмæ хæхтæ, рæгътæ æмæ уæлвæзтæ, къæдзæхтæ æмæ цæугæдæтты дæхи цæстæй куынæ фенай, уæд æрдзы рæсугъддзинад искæй ныхæстæй миддунейы нæ бынат кæны,уыдон зæрдæйы уадзынц диссаджы тæлмæнтæ. Ахæм рæстæджы уды арфы тынгдæр гуыры уарзондзинады æнкъарæн рагон фыдызæхх æмæ уарзон адæммæ.
Афæдзон нывæсты бындурыл фæззæджы райдианы студенттæ фыццаг балц сарæзтой Монастеры хъæуы Тиры аргъуанмæ. Уым сын факультеты доцент Дзабиты Зарбег лæмбынæг æрдзырдта национ идейæ æмæ рагисторийы æмбастдзинадыл. Равзæрста аргъуаны къæйдуртыл рагон фыстыты ратæдзæнтæ æмæ историон характеристикæйыл. Дыккаг хатт студенттæ сæ фæндаг акодтой Чеселтгоммæ. Дзауы районы Пацъайы донбылгæрæттыл суанг Чеселтмæ студенттæ фембæлдысты дзæвгар историон цыртдзæвæнтыл. Ацы зондуæрæхгæнæн балцы студенттæн Дзабиты Зарбег радзырдта ныхасыздæхтытæ æмæ диалектологийы фарстытыл. Æдзæрæг хъæутæ æмæ мыггæгты равзæрдыл, суанг Чеселты хохрæбынмæ студенттæ базонгæ сты Ирыстоны хъæбатыр гуырдтæ Коцты Бега, Къæбысты Ака, Созыр æмæ æндæрты сæрхъызой хабæрттимæ. Чеселтгомы æрдзы рæсугъддзинад, æрдзы æрæгвæззæджы ахорæнтæ, доны сыр-сыр æмæ мæргъты зарджытæ студентæн хъæздыг кæнынц йæ уарзт фыдыуæзæгмæ.
Ахæм мадзалæн ис алыварсон æмбарынад. Иуæй æрыгон хъомылгæнинаг йæхи цæстæй уыны Ирыстоны географион равæрд, иннæмæй дзы исы дзæвгар историон информации æмæ аннæмæй та уæрæх кæны йæ фидæны зонындзинæдтæ.
Радон балцы та фæцæуæг сты Ручъы ‘фцæгмæ. Ам дæр комы рæсугъддзинад адæймаджы зæрдæйыл æфтауы æгæрон æхсызгондзинад. Ахæм æрдзон нывты алыгъуызон ахорæнтæ рæзгæ фæлтæрæн сæ уды змæлын кæнынц тырнындзинад æмæ хъæрмуд ахаст райгуырæн зæхмæ. Студенты къорды къухдариуæггæнæг литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр лæмбынæг æрдзырдта адæмон сфæлдыстады фарстытыл. Урс Туалты комы хъæздыг æрмæг ис ирон фольклоры фæдыл. Университеты студенттæн сæйраг цымыдис æвзæрын кодта фыдæлтыккон мæсгуытæ æмæ зæппæдзты нысаниуæг.
Мæсыг æмæ зæппадзы историон нысаниуæг æппæт рагон царды уаг æвдисынц. Гацыры ныхас, йæ амындтытæ æмæ йæ хъомыладон архайд фидæны зонадон фæлтæрæн лæвæрдта æгæрон национ менталитеты тæваг.
Æппæт ацы позитивон архайд студентты удвидар кæны бындуронæй.
Ацы деканаты продуктивон куыст дзæвгар азты æвдисы æвæрццаг фæстиуджытæ æмæ лектортæ зонынц студент æрмæст лекцитæм хъусынæй фаг зонындзинæдтæ кæй нæ исы. Уымæ гæсгæ архайынц методикæйы алыварсон принциптæй. Уæлæмхасæн куысты руаджы студентæн æнæмæнг хъæздыг кæны йæ миддуне, уæрæх кæнынц йæ зонадон авналæнтæ æмæ исы хæрзæгъдаудзинад æмæ эстетикон хъомылад.
Æппæт ацы мадзæлттæн разамынд кæны факультеты декан доцент Тыбылты Ингæ. Уый æппынæдзух ис студентты уæлхъус æмæ сæ разæнгард кæны ахуырадон – æхсæнадон цардмæ. Банысан кæнын хъæуы æнæмæнг уый æмæ ацы хъомыладон – æхуырадон архайд раджы кæй райдыдта.
Ацы фадыджы сæрмагонд хайбавæрд ис пофессор Битарты Зоя æмæ деканаты æппæт ахуыргæнджытæн.
Ахæм национ идейæйыл дзурæг фарст иунæг хатт дæр æнæ ректор скъуыддзаг не ‘рцæуы. Паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим æрвыл хатт дæр йæ къух фæдаргъ кæны зæрдæбынæй æмæ студентты сифтонг кæны æппæт фæрæзтæй дæр. Национ идейæ у ирон адæмы иууон принцип æмæ ахæм мадзæлттæ уадзыны рæстæджы ирон филологийы деканатмæ æрбаиу вæййынц университеты æндæр факультеттæ дæр. Уый та у барвæндондзинадæй кæнгæ æмæ æрвыл хатт дæр нæ университеты студенттæ сты æмвæнд, æмхъуыды æмæ хæлар зæрдæйы уагимæ цæттæ Паддзахадон университеты цытджын ном бæрзæндты хæссынмæ.
Плиты Серго, ХИПУ-ы ирон литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг