Бибылты Анатоли раарфæ кодта Битарты Вячеславæн йæ райгуырæн боны цытæн

вт, 02/02/2021 - 15:10
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн йæ райгуырæн боны цытæн, хъусын кæны президенты пресс-службæ

Арфæйы телы дзырдæуы:

Иууыл хуыздæр фæндиæгтимæ дын зæрдæбынæй арфæ кæнын де 60 азы юбилейы цытæн!

Ды, куыд фæлтæрд политик æмæ ирон фарныл æнувыд адæймаг, афтæ кад æмæ радæй лæггад кæныс Ирыстон æмæ Уæрæсейы хæрзæбонæн. Дæ разылæууæг хæстæ æнтыстджынæй æххæст кæныс æвидигæ хъару, куырыхон зонд æмæ намысджын куысты фæрцы. Куыд Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг, афтæ дæ алыварсон архайд здæхт у республикæйы царды æмвæзад æмæ адæмы фæрныгад бæрзонддæр кæнынмæ. Уый тыххæй дæ хайджын адæмы хорзæх æмæ æууæнкæй.

Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмы æхсæн дын ис æнæцудгæ авторитет æмæ аргъкæнынад, Ирыстоны дыууæ хайы æнгомдзинадмæ дæ уæзгæ хайбавæрды сæраппонд.

Зынаргъ Вячеслав Зелимханы фырт! Ацы рæсугъд æмæ нысаниуæгджын бон дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, царды хæрзиуджытæ æмæ ноджы стырдæр æнтыстытæ Фыдыбæстæйы фæрныгад æмæ размæцыды сæрвæлтау».

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest