Марат Хъамболты арфæ Хетæджы Уастырджыйы боны цытæн
Ирыстоны зынаргъ цæрджытæ, фарн уæм бадзурæд!
Арфæ уын кæнын Ирыстоны иууыл кадджындæр бæрæгбонтæй сæ иу – Хетæджы Уастырджыйы боны цытæн.
Æрвылаз дæр Ирыстоны адæм æрæмбырд вæййынц ацы уаз бынаты, цæмæй скувой нæ кæстæрты амондджын абон æмæ фидæны тыххæй, бафæдзæхсой сæ хиуæтты Хетæджы Уастырджыйæн.
Кувæм Стыр Хуыцаумæ, æппæт сыгъдæг тыхтæм, цæмæй хъахъхъæной Ирыстон.
Хетæджы Уастырджыйы бæрæгбон нæ йæ фарнæй кæрæдзийыл бæтты. Ирон адæмæн ссис иумæйаг бæрæгбон, иумæ йæм кувæм, йæ ном ын æмхуызонæй кадимæ арæм.










