Президенты арфӕ ирон адӕмӕн Уастырджымӕ кувӕн бонты цытӕн
Президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта ирон адӕмӕн Уастырджымӕ кувӕн бонты цытӕн:⠀
⠀
Зынаргъ æмбæстæгтæ!⠀
⠀
Æппæт зæрдæйæ уын арфæ кæнын ирон адæмы иууыл кадджындæр бæрæгбон – Уастырджымæ кувæн бонты цытæн. Стыр Уастырджы у ирон адæмы уæларвон сæрхъызой æмæ æххуысгæнæг уæд махæй алкæмæн дæр.⠀
⠀
Уастырджыйы ном табуйаг у алкæцы ирон хæдзары дæр, æмæ йæм æнусты дæргъы куывтой нæ фыдæлтæ. ⠀
⠀
Абоны бон мах уæлдай тыхджындæр хатæм æмæ æнкъарæм, æнæмæнгæй нæ иудзинад кæй хъæуы, уымæн æмæ нæ Фыдыбæстæйы фидæн у нæ иумиаг бæрндзинад. ⠀



