Гаглойты Алан раарфæ кодта Еналдыты Хъазбегæн «Иры Стыр Ныхас»-ы 30 азон юбилейы цытæн
Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазбегæн «Иры Стыр Ныхас»-ы 30 азон юбилейы цытæн.
Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:
«Цытджын Еналдыты Хъазбег!
Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын Стыр Ныхасы юбилейы цытæн!
Ацы организаци сырӕзт дыууæ Иры номдзыд æмбæстæгты удуæлдай архайды руаджы. Йæ сæйраг нысæнттæй иу у Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмы æрбаиу кæнын, цæмæй иумæ аразæм нæ сомбон æмæ скъуыддзаг кæнæм не ‘хсæнады проблемæтæ.










