Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфæ Ирон æвзаджы боны цытæн
Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Арфæ уын кæнын Ирон æвзаджы боны цытæн!
Ирон æвзаг у, нæ фыдæлтæй нын чи баззад, уыцы зынаргъ хæзна, национ культурæ æмæ удвæрнон хиæмбарынады бындур. Йæ мидæг сты истори, фыдæлты куырыхондзинад æмæ ирон лæджы хъару.
Абон нæ иумæйаг хæс у нæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын, йæ райрæзтæн алыварсон уавæртæ аразын, ахуырад, литературæ, культурæйы райтынгæн ахъазгæнæг æмæ æхсæнады мидæг ирон дзырды бынат сфидар кæнынæн æххуысгæнæг хъæппæристы фарсмæ балæууын.










