Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфæ Ирон æвзаджы боны цытæн
Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Арфæ уын кæнын Ирон æвзаджы боны цытæн!
Ирон æвзаг у, нæ фыдæлтæй нын чи баззад, уыцы зынаргъ хæзна, национ культурæ æмæ удвæрнон хиæмбарынады бындур. Йæ мидæг сты истори, фыдæлты куырыхондзинад æмæ ирон лæджы хъару.
Абон нæ иумиаг хæс у нæ мадæлон æвзаг хъавгæ бавæрын, йæ райрæзтæн уавæртæ аразын, ахуырад, литературæ, культурæйæн ахъаз кæнын æмæ æхсæнады мидæг ирон дзырды бынат сфидар кæныны сæраппонд æппæт хъæппæристæн.










