Анатолий Бибилов поздравил жителей Осетии с отмечаемым праздником Джиуæргуыба
Зынаргъ ирон адæм!
Æрбалæууыдысты та Уастырджимæ кувæн бонтæ, стыр, æппæтадæмон бæрæгбон, æмæ нæ алкæй дæр йæ хорзæх уæд!
Нæ рагфыдæлтæ сæ равзæрдæй фæстæмæ Уастырджийы нымадтой ирон адæммæ Хуыцауы сæрмагонд минæварыл. Иунæг Кадджын Хуыцауы фæстæ нæхи бафæдзæхсæм Уастырджийыл, ныфс дзы æвæрæм, нæлдых куыд уæм, нæ кæстæртæ амондджын, даргъуæрæх куыд уой, ахæм хæрзиуæг дзы курæм, æмæ-иу нын нæ куывд хорзæн куыд айса, ахæм арфæ нæ уæд!