Архив - 25/7/2009

сб, 25/07/2009 - 14:53

Тылигом

Тылигом

Тылигом у Ирыстоны фарнæйдзаг æмæ алæмæттагдæр къуымтæй сæ иу. Уый æрынцадис Леуахи доны галиу фарс; Джермугъы, Сау хохы, Кæфийауы, Мæнгæфцæгы, Абазайы рагъы, Æфсатийы æмæ Къалмы къæдзæхы хъæбысы, кæцыты бæрзæнд хæццæ кæны æртæ мин метырæй фылдæрмæдæр. Тылигом географион рывæрдмæ гæсгæ æмарæн кæны; Гудисгом, Ципрнгом, Уанел-Цъæрит, Деметæ, Урстуалтæ æмæ Гнугъгомы кæмттимæ. Хъæздыг у ацы ком зайæгойтæйдæр, зайыдзы ссæдз хуызæй фылдæр бæласы мыггæгтæ; заз, чъиу наз, мохъо, соцъи, бæрз, кæр,з тæрс, фæрв, тæгæр, фатхъæд, уисхъæд, тулдз, сывылдз, хæрис, гæды æ.а.д. Йæ хъæдты æмæ рæгътыл зайы ахæм гагадыргътæ; саунæмыг, хъæлæрдзы, мæнæргъы, мæцкъуы, сыхсы, цъуй, мыртгæ, æхсæр, уагъылы, дзедыр, уырыскъæф, къабузæг, фæдæгъд, æрсмыд…